поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
5. ХЪÆРÆБИЙ ЗАР
Автор: 00mN1ck / 14 ноября 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
Хъæрæмирзи фурт Хъæрæбий, дан,
Дзиллитæбæл хæтунтæ ку райдæдта,
Ку райдæдта, зæгъуй, гъей!
Устур къуарæ, зæгъуй, æ фæдбæл
Цубур рæстæгмæ ку 'рæмбурд кæнуй,
Ку 'рæмбурд кæнуй, гъей!
— Дæллæрдигæй нæмæ æнахур адæмтæ
Устур тухæй цæун ку байдæдтонцæ,
Ку байдæдтонцæ, гъей!
Цæй, уоци æнахур адæмти, фæсевæд,
Цæй, нæ бæстæмæ ма суадзæн,
Цæй, ма суадзæн, гъей!
Нæ хуарз æгъдæуттæ нин байсдзæнæнцæ,
Нæ урух будуртæ дæр нин ку байсдзæнæнцæ,
Ку байсдзæнæнцæ, гъей!
Æртæ анзей дæргъци Хъæрæбий
Уони пурхгæнгæ ку фæххаттæй,
Ку фæххаттæй, гъей!
йе 'фсæдти æхсæн ибæл ку фæззиндтæй,
Ку фæззгандтæй дзурдхæсгутæ,
Дзурдхæсгутæ, гъей!
Æртæ анзи йин æ фудæзнæгтæ
Ниййахæссуни фæрæзнæ ку нæ ирдтонцæ,
Ку нæ ирдтонцæ, гъей!
Бæгъатæр Хъæрæбий ку 'рбаздæхуй,
Ку 'рбаздæхуй æртæ анзей фæсте,
Æртæ анзей фæсте, гъей!
Æ фурфæлладæй, зæгъуй, Хъæрæбий
Æртæ бони ку не 'ригъал уй, ку,
Ку не 'ригъал уй, гъей!
Уæдмæ, зæгъуй, и фудæзнæгтæмæ
Хабархæссæг ку фæууй нæхеуонтæй,
Нæхеонтæй, гъей!
Боницъæхи йбæл æ хæдзари
Æнахуртæ ку 'ртеголæ унцæ,
Ку 'ртеголæ унцæ, гъей!
Тохунтæ ибæл ку байдайунцæ
И хæдзарæн æ медæмæ,
Æ медæмæ, зæгъуй, гъей!
Æ йеу уосæ Ханати кизгæ ку адтæй.
Ханати кизгæ, дан, ку радзоруй,
Ку радзоруй, дан, гъей!
— Уо, лæгай, мæ аллифарс ку зарунцæ,
Ку зарунцæ цидазр биндзитæ,
Цидæр биндзитæ, гъей!
— Йетæ, не 'фсинæ, биндзитæ нæ 'нцæ,
Фалæ æзнæгти фæттæ 'нцæ,
Æзнæгти фæттæ, гъей!
Не 'скæнæг хуцау ин ма бакомæд,
Мæ раст уодбæл цъух ка бахаста,
Цъух ка бахаста, гъей!
Хъазауати авдез ку искæнуй,
Æргом тохмæ сæмæ ку рацæуй,
Ку рацæуй, гъей!
Сæ тургъи æмбесмæ ку рахъæртуй,
Фондзей ма си ку рамаруй,
Ку рамаруй, гъей!
Уæдта бæгъатæр Хъæрæбий
Æхуæдæг дæр ку фæммард уй,
Ку фæммард уй, гъей!
Æ фиццаг уосæ Ханауон, зæгъуй,
Уæд хуæцæнгæрзтæ ку райсуй,
Ку райсуй, зæгъуй, гъей!
Йе дæр, зæгъуй хъазауатæй
Знæгтæбæл ку стох кæнуй,
Ку стох кæнуй, гъей!
йе дæр си цалдæри ку рамаруй,
Уотемæй æ лæги размæ ку рамæлуй,
Ку рамæлуй, гъей!
Æ дуккаг уосæ ку райдайуй,
Хæтохъцихъоти Хангуассæ,
Хангуассæ, зæгъуй, гъей!
Æртиккаг гæрзтæ йе ку райсуй,
Хъазауати ку бацæуй,
Ку бацæуй, гъей!
Сæ дууемæн ци нæ бантæстæй,
Фулдæр уомæн ку бантæстæй,
Ку бантæстæй, гъей!
Уæдта йе дæр æ лæги размæ
Мæлæтдзаг цæфæй ку 'рхауй,
Мæлæтдзаг цæфæй, гъей!
Уæд, зæгъуй, Хангуассæ ку сковуй,
Ку сковуй, зæгъуй, æ зæрди бунæй,
Ку сковуй, зæгъуй, гъей!
— Хъæрæбий ку адтæй адæми сæрбæл
Æ цæргæ бонти тохæг лæг,
Тохæг лæг ку адтæй, гъей!
Æ банимодзæг, сау халонау,
Сау гъæди цæра æлгъистæй,
Æлгъистæй цæра, гъей!

Фыст æрцыди 1926 азы.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 223, папкæ 13, ф. 31—33.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru