Уæй æмæ Бадилатæ куы 'рбамбырд вæййынц, Куы 'рбамбырд вæййынц рæсугъд цъæх фæзмæ, Сæ бæхтæ дæр хæрзарæзтæй Сæ фарсмæ уым куы лæууынц. Хъарадзауты Мысырби, дын, Куы радзуры йæ кæстæртæм: «Фæцæуæм та, цæй, мæ хуртæ, Тыхкæнынмæ, Уæлладжырмæ! — Æртæрæм дзы стыр дзугтæ, Нæ хистæртæн скад кæнæм». Уæд афтæмæй куы рацæуынц Лæгæвзæрстæй Бадилатæ, Уæлладжырмæ куы бацæуынц. Сæ нард бæхтыл куы рахъазынц; Уæлладжыры рæгъæуттæ, дын, Сæ разæй уæд куы раскъæрынц, Заргæ, заргæ куы рацæуынц, Сæ хъал бæхтыл куы рахъазынц. Бадилатæ куы 'рхæццæ сты Уæлладжыры Бызы бынмæ. Бызы хъæуæй, дын, комырдæм Уæд Бутатæй иу нæуæг чындз Дон хæссынмæ куы 'рцæйцыди. Бадилаты куы ауыдта. Фæстæмæ, дын, куы фездæхти, Куы сызгъордта сæ хæдзармæ, Æвзонг лæппу-сабимæ, дын, Куы бадзырдта уый сабыргай: «Ысдзур, мæ хур, нæ дадамæ, Куы рацæуынц тыхгæнджытæ». Уæд бадзуры сæ зæронд лæг Сæ уайсадæг нæуæг чындзмæ: «Уайсадыны сæр нал хъæуы, Нæ фæсивæд уыгæрдæнтæм Хоскæрдынмæ фæцыдысты... Тыхгæиджыты фæхъхъахъхъæ, чындз, Кæд фиййæуттæ сæ рæгъæуттæ, Миййаг, мæ хур, æрбаскъæрынц». Зæрондмæ, дын, сæ нæуæг чындз Уæд уайсадын куы фæуагъта: «Ыстыр дзугты сæ хъал бæхтыл Куы фескъæрьгнц тыхгæнджытæ, Нæ хъоммæ дæр фæлæбурдтой — Фæтæрынц сæ сæ дзугтимæ». Зæронд лæг, дын, уæд дураууон Куы рабадтис æд хъыримаг, Гæрæхтæ, дын, куы райдыдта Тыхгæнджыты — Бадилаты. Фыццаг æхстæн куы рахауди Йæ хъал бæхæй сæ раздзæуæг — Хъарадзауты хъал Мысырби. Бадилатæ уынгæг кæмтты Куы лыгъдысты æмхæццæйæ, Куы ныууагътой стыр дзугтæ Бызы быны, уынгæг комы.
Радзырдта йæ Дулаты Ахболат, 1936 аз, 12 сентябрь, Куырттат Хиды Хъус Ныффыста йæ Плиты Харитон. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 10—11.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |