11. УÆЛЛАГКОМИ ЗАР |
Автор: 00mN1ck / 21 ноября 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ |
Уæллаг Ири хесдæртæ Рамбурд унцæ æма рарветунцæ: «Алли комæй дæр федеуæг Бæх æвзурст æма лæг æвзурстæй Абони нæ, фалæ иннæ бони Изгидмæ куд æрæнбурд уайтæ». Еци бонæ æрæнбурд унцæ Бæх æвзурст æма лæг æвзурстæй Изгиди гъæумæ. Фæндитæ, зæгъуй, æркæнунцæ: — Цæй, æма мах цæуæн, зæгъгæ, Уæртæ Уæллагкоммæ Хъалон есунмæ. Сæ раззæгтæ ку загътонцæ: — Мах цæуæн Ревон æфцæгмæ Æма бонасадæн Уоми кæндзинан. Æрæнбурд унцæ Ревони æфцæгбæл, Фæндитæ бакæнунцæ: — Мах цæуæн уæртæ Уæллагкоммæ, Мах цæуæн хъалон есунмæ. Нæ фусун æркæндзинан Гæлаон Гæуисмæ. Думон Басилмæ, Къæмунон Гуламæ, — Уонæн сæ дугай анздзуд Цæхгун фæрстæ, цæхгун думгутæй, Истад сау бæгæнитæй Нæ губунтæ ку радауæн, Уой фæете нæ кæстæртæ Ку рауайдзæнæнцæ мæстгунхузæй, Хæтæл гъæртæ æруадздзæнæнцæ, Се сдæвдтæ доррæбунтæмæ Фæлледздзæнæнцæ, Сæ листæгутæ æма сæ силгоймæгтæ Бунати байзайдзæнæнцæ — Фæндон миутæ кæндзинан. Гъæйт, æма устур фæзи, Устур фæзи æрæнбурд унцæ Уæллаг Ири. Гъе уордиги рарвистонцæ Къæмунти тегьæмæ Сæ турусахæссæги, Базонун кæнæн уæртæ Уæллагкомæн, Мах ке 'рцудан хъалон есунмæ, зæгъгæ. Сæ турусахæссæг Къæмунти тегъæбæл Бæргæ ниллæудтæй: — Уæллагком, базонетæ, Мах уæмæ ке 'рцудан Хъалон есунмæ! Уалæнмæ имæ Хъарати игон 'варсæй Арви гæрах фæцудæй. Йе арви гæрах н'адтæй — Хъарати Гæбуций сау хъæрæймаги Гæрах ку адтæй. Уæллаг Ирæн сæ турусахæссæгæн Æ уæраги ставд бæргæ фæссаста. Сæ турусахæссæг тагъдгомау Се стур æмбурдмæ фæстæмæ Ку фездæхуй. Уæд еу ку дзоруй: «Фудибон уинæ, Уæ Уæллагком». Турусахæссæгæн Хуарз салан дæттун байдæдтонцæ; Уорс бæхи хъури сурх дари Бæттун ку байдæдтонцæ. Усш, устур фæзæй халон нæбал уасуй, Хъарати сау хъæрæймаг Уæллаг Ирæн Уæллаг комæй хъалон хæссун нæбал уадзуй.
Фыст æрцыди 1922 азы, Чырыстонхъæуы. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 106, папкæ 13, ф. 50.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |