13. ХЪАНУХЪТИ АЗАУ-ХАНИ ЗАР |
Автор: 00mN1ck / 23 ноября 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ |
Уай-уæрæйда, уа-уай, Хъанухътæ нæлистæгæй искунæг æнцæ. Сæхебæл гузавæ кæнун ку байдæдтонцæ. Уæд Азау-хан сæ киндзæ адтæй. Бæрцæбæл адæймаг лæг æнгадæ йе ку адтæй. Фал æ лæг ку рамардæй, уæд уодбарæй нæ байзадæй. Уотемæй йеу хатти фун ку фæййидта, Æ'ма уæдæй фæстæмæ фудхуз кæнун ку байдæдта. Уобæл Хъанухъти лæгтæ хъурмæ ку кодтонцæ: Нурмæ дзæбæх ку адтæй, уæд ибæл нур ци æрцудæй. Азау-ханæн Бийи фурт Хъайтухъ æ къохбæл-хуæцæг ку адтæй. Уотемæй Азау-хан хинст ку саразуй. Хъанухъти зæрæндти йе ку æринбурд кæнуй, Æстæмæй астмæ сæ йе ку фæххинцуй, кæд сæ зæрди йести æрифтуидæ 'ма мин мæ уоди гузавæ балæдæриуонцæ. Хъанухъти зæрæндтæн сæ зæрди неци æфтудæй—нæ 'й лæдæрдтæнцæ. Æрæгаау ба, Бийи фурт Хъайтухъ уоми адтæй, 'ма имæ уой барветунцæ. — Ци кæнис, мæ хуæрæ, цæбæл фудхуз кæнис, уой бæрæг агорунцæ Хъанухъти зæрæндтæ. — Мæ бæрæг син уæд зæгъинæ, 'ма мин мæ фун ку рартасионцæ. — Мæнæн æй зæгъæ! æз ба син æй зæгъоy, кæд æй рартасионца. — Дæубæл мин банимæхсæн неци йес, зæгъгæ, ин æй æрдзоруй: Мæ фунæй, цума мæ бунæй содзгæ æхседарф рацудæй, уотæ æма æгас Хъанухъти ниррохс кодта, уæдта будурмæ ратахтæй 'ма уоми ниххустæй. Гъемæ уобæл фудхуз кæнун, ци 'й, уой нæ зонун 'ма уой туххæй, æма сæ уобæл бафæреæ! — Æма ма 'й уонæмæ ба ци хъæртун кæнис, æз дин æй мæхуæдæг ку зæгъдзæнаэн, уæд. Дæ губуни æстугкин йес, 'ма дин лæхъуæн игурдзæнæй, йе ба уохæн, æмæ æ лæгигъæдæй æгас Хъанухътæ исбæрзонд уодзæнæнцæ Дигори æхсæн, уæдта уой фæсте ба будурмæ рафтуйдзæнæй 'ма уоми ба æ йадзал райсдзæнæй, йе ба дин дæ фун, — зæгъгæ, зæгъуй къохбæл-хуæцæг. — Мадта æз ба уой нæ лæдæрдтæн, — зæгъгæ, исдзоруй Азау-хан дæр. Уой фæсте ба Хъанухъти зæрæндтæ гъуддаг ку æрлаздæрдтæнцæ. Æма йеци фæдбæл сæ хæдзæрттæмæ ку фæххæлеуæнцæ. Уæд игурд рантæстæй æцæгæй уохæн, æмæ æгас Хъанухъти дæр бæрзонд ка искодта Дигори æхсæн. Уой фæсте ба будурмæ рафтудæй æма æ цард зæнхæбæл бафтудæй. Хъанухъти Азау-хан Есени мадæ адтæй.
Радзырдта йæ Баликъоты Слангерий. Ныффыста йæ Толасты Георгий, 18 декабрь, 1927 аз, Фæснæл. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 17, папкæ 9, ф. 86.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |