поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
15. КÆСГОН ÆЛДАРИ ЗАР
Автор: 00mN1ck / 27 ноября 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
(вариант)

Кæсгон æлдар Тотури гурд дууæ сау гали
Сау сиутæ сугъзæринæй исастардта.
Алли 'рдæмæ йе 'рдхуæрдтæмæ рарветуй:
— Мæнæн уæхæн æрдхуард æнгарæ
Кæми разиндзæнæй?
Биндзи мæйти мæнæн мæ дууæ сау гали
Æнæ биндзæ зæнхæмæ ка бакæна?
Хъарадзаутæ рагæй æносмæ дæр
Номбæл мæлагæ адтæнцæ.
Хъарадзаути Сафарали йимæ рарветуй:
— Æз дин сæ бакæндзæнæн
Тæторси цæгатмæ æнæ биндзæ зæнхæмæ.
Ба-йин сæ кæнуй Донифарси зæнхæмæ,
Тæторси цæгатмæ.
Йеу бон кæми фæууй,
Уоми Хъанухъти Есе
Мæсуги сæргкагæй кæсæнцæститæй
Гъæуай кæнун байдайуй
Зæнхи къабæзтæмæ.
Тæторси цæгатмæ бæргæ фæууинуй
Дууæ сау гали.
— Ци дессаг æй? Ацал-ауал бони мин
Мæ зæнхæмæ маргъ æрбатæхун
Ку некæд бандиудта?
Ма рауахтæ кæстæртæ,
Æ'рсæ-кæнетæ!
Æрсæ-кæнунцæ.
Дигори кæмтти дестæ-тамæстæ
Кæнун байдайунцæ.
— Ци 'й а? Ци дессаг æй?
Еунæг хорæй уæлдай
Ку некæд уидтан,
Донифарси сæри цуппар хори
Кæсун ку байдæдта.
Хъанухъти Есе сæ устур мæсуги буни
Æрæвгæрдуй циргъесæйнагæн.
Хъарадзаути Сафарали сæ
Къуæрейæн бæрæг ку кодта.
Нæ бал сæ иссеруй.
Кæсгон æлдармæ фæххабар кæнуй.
Кæсгон æлдар йе 'фсæдти хæтдзæ æрбацæуй.
Морги æхсæвеуат æркæнуй.
Довифарсмæ рарветуй устур Есемæ:
— Æнæ мастæй мин мæ дууæ гали,
Ке нæ ба уæдта тохгæ кæнун.
Ра-йимæ æрветуй:
— Кæми æрбацудтæ, уоми ме 'уазæг дæ,
Фусун нæмæ бакæнæ,
Дæ галтæ дæр дин раддзинæн.
Сехуарæн дин дигурон кæрдзин цигъди хæтдзæ:
Æхсæвæрæн дин æлотон бæгæни фиди хæтдзæ,
Кæд лæгъуз иуазгутæ айтæ,
Уæд уæ бакæндзинæн
Мæсуги буни арф æскъæти
Хъозити гъоло'н хути хæтдзæ.
Уалæнги кæсгон æлдар
Хъувгъани хæтдзæ рацудæй.
Хъанухъти Есе йимæ мæсугæй
Хъæрæймаг радаруй.
Хъувгъан ин æ къохи фæххауин кæнуй.
— Гъæдт, мæ кæстæртæ, мæ саргъ æвæретæ!
Ледзæг йе фæууй,
Ами хуарз хабар нæййес! — зæгъгæ.

ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 126, папкæ 12, ф. 72—74.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru