(вариант) Дууæ унаути донмæ рацæунцæ, Хъайтухъи фурт дæр раздæр рацудæй Хъувгъани хæццæ Æма син сæ дзубанди æригъуста: — Хуцау, аци æлдарбæл æхецæй тухгиндæри сæмбæлун кæнæ. — Æма кæми ес омæй тухгиндæр? — Дигори ма хонунцæ омæй тухгиндæр. Хъайтухъи фурт 'фæмæстгун уй æма разæгъуй: — Дигорæй мæ дууæ анзи раздæр хъалон есун ку гъудæй! Рамбурд кæнуй æ дзиллæ, æ хабар син радзоруй. — Æнæ хецонæй ордæмæ фæццæуæн наййес, — Разæгьунцæ ин. Хъарадзауи фуртмæ барветуй, Æма ой фæсте бацæуй е 'фсæдти хæццæ. Морги æрбадуй æд æфсæдтæ. Коми думæги хæрæ-мегъæ æрбадтæй, — Хæрæ-мегъæ нæ уодзæнæй, фалæ Хъайтухъи фурт Сари Асланбеги Бæхти коми тулфæ уодзæнæй. Хæрæ-мегъи рази — дууæ æфсæнцъух берæгъи. Етæ берæгътæ, бæргæ нæ 'нцæ, Фал дууæ бæхгини одзæнæнцæ. Хъанухъи фурт Стур Есе Кæсæнцæстæй фæкæсуй: дууæ бæхгини Æрбацæуй: рахес фарсæй ка цæуй, Е орс барцæ, орс думæг цъæх саулохбæл Бæргæ бадуй. Ка уодзæнæй? Куд одзæнæй? — Хъарадзауи фурт хуарз Сафар-Али уодзæнæй. — Галеу фарсæй ка цæуй, Мистрагь бор бæхбæл ка бадуй, е ка 'й? Ка уодзæнæй, куыд одзæнæй? — Омæн е 'рдхуард Бийи фурт Муртазали бæргæ 'й. Не 'фцæгбæл охæн лæг мабал Æрбацæуæд. Мæнæн раздæр хабар Ка нæ фегъосун кодта, етæ Хумæтæги адæм нæ одзæнæнцæ. Донифарсмæ сцæунцæ хуарз Есей Уазæгдонæмæ. Æ сиртдзар кæрцæ — Æ фæсонтæбæл, æфсæнбун — æ къахи, Отемæй сæмæ рацæуй: «Æгас æрцотæ, Ка некæд цæуагæ, — ра-син зæгъуй. — Уæ зæрдæ ма ходæд, хонхаг лæг Хабарбæл фæрсаг ан хæтæги, Нæ будури гъæути ци хабар ес?» — Лазæ нæййес! Æнæ игъуст хабар нæййес! Разæгъунцæ: «Мах Хъайтухъи фурт Стур Асланбегæй минæвæрттæ ан: «Хонхгай афæдзи уæнгæ мæнæн хъалон Ка нæ кæнуй, охæн дзиллæ нæййес, Дæу дзиллæй фæстæмæ. Нурба мин хъалон Радтун кæнæ. Мæхуæдæгдæр Уазабæл Æд æфсæдтæ æрбацæун. Ме 'фсæдтонтæ Æстонг уодзæнæнцæ 'ма сæ хуæрдæ дæр Дæубæл уодзæнæй. Ой дæр дин игъосун кæнун». — Хъарадзауи фурт! Нæ дæ гъудæй нæхе дорæй Нæ мæсуг сæттун! Æгиритдæр нæ бон ку неци уа, Уæддæр и донæн æ сæри мах цæрæн, И думæги ба ду цæрис, 'ма дин Нæ фагустæй тог бæхи къæхтæй сурх дон Æзмæнтдзинан. О, Бийи фурт! Дæу гъуддаг ба æнцон æй: и комæй Хæрæг-базайраг нæ рауадздзæнæн: Дæ сувæллæнттæ ехæнæй ниммæлдзæнæвдæ.
Дигорои кæрдзин æма цигъд ин Ку рарветуй бæгæний хæццæ: «Е мæнæн мæ хуæруйнаг, а ба Мæнæн мæ ниуазуйнаг, Ду оми кæд нæ бауæгæ уодзæнæ, уæд ами Мæнæн тас нæй. Фæууæмæ кæсон. Исон рæфтæмæ кæд рандæ уайтæ, Уæд хуарз. Кенæ ба уин уе 'схъæртæ схуардзæнаэн Цъæх издийæй. Æлдар еунæг фингæбæл Нæ евгъуйуй — фæдщин æрхетун дзол Муди хæццæ, Кæд рандæ уай, кенæтта Бадæ-кæндзæнæн хоравари — Хъазити бунгкаги — Гъолон хути хæццæ». Уæлæ имæ, Есемæ, æ адæм æрцæунцаз, Ра-ин зæгъунцæ: «Стур зæрдитæ нин Бæргæ æвæрдтай, хонх æдас æй, зæгъгæ. Нурба нæ реубæл Мисигони Орс сæр цæргæс куы 'рбадтæй æма «Усси» ин зæгъæн, æма цæугæ нæ кæнуй, «Урри!Ь ии зæгъæн æма тæхгæ нæ кæнуй». «Исон сæумæ нæмæ фæккæсетæ, Нæ зæронд хæнхтæ ме 'вдесæнтæ, Æз ин мæсугæй охæн тæккидор Рагæлдздзæнæн, 'ма æ урух базуртæ кæмæй иреса». Сæумæ бони цъæхи не стур Есе. Мæсугмæ ку схезуй, æфоæдтазмæ Фæккæсуй 'ма Хъайтухъи фурти Хъувгъани хæццæ рацæугæ фæйинуй. «Æхемæ ин нæма гъавун, — разæгъуй, — Æ хъувгъанмæ ин фæккæсетæ!» Ф-æййæхсуй æма ин æ даргъ цъух Æвзестæ орс хъувгъан æ размæ расæттуй. Тузмæггомауæй æрбацæуй Хъайтухъи фурт: «Аци лæгæй фонс нæ фæккæндзинан, Нæхецæй ма мин фонс фæккæндзæнæй, Цæуæн ардигæй», Фæннæхстæрунцæ Лесгорæбæл. Есе æй æрбахсуй, æ ходæ ин рахаун кæнуй. Æлдар размæ фæккеуй. Есе ин æ фæдбæл нигьгъæр кæнуй: «Аккаг дин æй, Хъайтухъи фурт, Мæ кæронкаг гъæуæн, æлдар огæ 'й, Дæ сæрæй раковун!» Сар'и-Асланбеги æфсæдтæ Уазабæл Фæстæмæ рацæунцæ.
Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег. Иæ радзурæг бæрæг нæу. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 13, папкæ 6, ф. 14—17.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |