поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
19. ХЪАНУХЪТИ УСТУР ЕСЕ ÆМА ХЪУБАДТИ ТАЗÆРЕТИ ЗАР
Автор: 00mN1ck / 1 декабря 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
(вариант)

Хъубадти Тазей уосæ æфгъæти бадтæй,
Æмбесæхсæви ба ин лæхъуæн райгурдæй,
Фæснæли сæри ба уомæ арви дуар байигонæй.
Уæхъæци сæри ба сау хонхтæ
Хорау ниххудтæнцæ,
Донифарси уорс хæнхтæ ба кизгау никкудтæнцæ,
Хъанухъти Гагоон къубус ба æ бунтæй нирристæй,
Хъанухъти устур Есе ба æ урундухъæй рахаудтæй,
Уомæн æ хъумайиаг уосæн ба адтæй лæхъуæн, —
Тæлион Тулабег.
Ра 'й уæлæ кодта, ма никкувдта хуцаумæ:
«А хуцау, игурд райгурдæй, 'ма 'й Гагуатæй фæккæнæ
Уонæй ку нæ уа,
Уæдда 'й Донифарси бæстæй фæккæнæ.
Ка 'й зонуй, уонæй ку нæ уа,
Уæдда 'й Дигори бæсти мæгур адæмæй фæккæнæ,
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдда 'й уæллаг кæронæй Къуссуй Таймазтæй фæккæнæ,
Йетæ хæсгæ галау уæзбун æнцæ,
Сæ бадгæ бæзтæй лæгæн уæлæмæ не 'сдунцæ,
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдда 'й хуцау Хъантемуртæй разиннун кæнæд,
Йетæ мæгурбун æнцæ 'ма сæ гъе уой туххæй æгадæ кодтонцæ.
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдда 'й, хуцау, Хъарабугъатæй фæккæнæ,
Йетæ, сæ номмæ гæсгæ, хъæра'бугъæ 'нцæ.
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдта 'й Абисалтæй фæккæнæ,
Абисалтæ ба тæбæгъи фæдбæл цæуагæ æнцæ;
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдта 'й Туйгъантæй фæккæнæ,
Йетæ æнцæ синдзин цъух æма бæмпæг зæрдæ,
Хъубадтæй ба 'й ма разиннун кæнæ, —
Йетæ фæлмæн цъух æма синдзин зæрдæ æнцæ.
Тæлион Тулабеги рарвиста Донифарсмæ,
Ма 'й бæл рахадтæй, 'ма хабар æрхаста, некæми неци райгурдæй, зæгьгæ.
Ку æрбонæй, уæдда 'й Дигорæмæ рарвиста,
Йеци игурд ци адтæй, уой бæрæг исхæссæ, зæгъгæ.
'Ма æрцудæй Мæцутæмæ.
'Ма уоми уæллæй заргæ рацудæй гъæддзаутæ,
Ба-сæ-хиста 'ма сæ бафарста:
«Ций йа, цæбæл заретæ?»
Йетæ ба ин загътонцæ: «Хъубадти Тазейæн æ фæсмæрдæ
Лæхъуæн райгурдæй,
'Ма 'й абони майрæнбон иннæ майрæнбони,
Нарæмæ Никголти Налухъ йенцег хæсдзæнæй,
'Ма мах дæр йенцег хæсгутæй уодзинан,
'Ма нин уом:и æстæмæй астмæ минасæ уодзæнæй,
'Ма гъе уобæл цийнæ кæнæн».
Тæлион Тулабег уордигæй фæстæмæ раздахтæй,
'Ма устур Есеæн фегъосун кодта,—
Игурд ке игурд адтæй, уой,
'Ма устур Есе æ хæдзарæмæ æ лæдзæгæй æ сæр хуайгæ бацудæй:
«А уæууæй-йе, цæмæй тарстæн, йе мæбæл ку 'рцудæй».
Йеци майрæнбонæй иннæ майрæнбонмæ 'й дзæбæх исхаста
Тæлион Тулабеги, уæдда ин загъта:
«Фæццо йенценг хæсгути размæ,
'Ма син æй раскъæфæ,
Цæмæй не 'хсир æ губуни раздæр рацæуа, уой».
Æрсæмæ цудæй сæ размæ, 'ма сæ бафарста:
«Рахастайтæ йенцег?», — зæгъгæ,
«Ууæ», — зæгъгæ, ин загътонцæ.
«Ма 'дта 'й æрдарайтæ, — зæгъгæ, син загъта, —
Æз дæр æй йеу минкъи рахæссон». 'Ма ймæ 'й равардтонцæ,
Ра 'й бæл цийнæ кодта,
Уæдта син æй раскъафта,
Ма 'й нæ бал фе 'йафтонцæ.
Фæй-хаста, 'ма ин се 'хсир æ губуни ниддухтонцæ,
'Ма 'й ислæг кодтонцæ.
Гъе уæддæр Тазæрет æ фиди уæсиат исæнхæст кодта:
Хъанухъти устур Есей æфсæндуарæй цуппар цæвхат-хуари рафтудта,
'Ма си æ фиди бæхæн цуппар цæвхати искæнун кодта.

Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, 59-аздзыд, 3 август, 1927 аз, Уæхъæц. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 160—162.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru