поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
21. МУСТАФАЙ ЗАР
Автор: 00mN1ck / 5 декабря 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
— Гъæйт, мæ хъæболæ, Мустафа,
Лæги сæр дæ багъудæй! —
Ку бадзоруй имæ уотæ æ мадæ.
Мустафа ку адтæй еунæг лæхъуæн
Æма йе гъонгæс ку адтæй сæдæ иуонугебæл.
Уой хæццæ ибæл сæумон хори рохс
Ку æрбаивадæй. И 'нгæрттæй, зæгъуй,
Уæд еу ку фæффæдес кодта:
— Уæ фонси дзогтæ уин ку фæттæрунцæ
Уæртæ и Сарий бохъургинтæ!
Уæд и мадæ ку райгъал кæнуй
Æ еунæг лæхъуæни.
Уæд дзианум Мустафа æхе
Ку барæвдзæ кæнуй,
Æма сæ сорунтæ ку нийагайуй;
Бæргæ исæййафуй Сарий æфсади,
Куд исхæрд кодтонцæ, уотемæй.
Бæргæ сæбæл æрзелуй Мустафа цæргæсау,
И 'фцæгмæ куд исхъæрттæнцæ, уотемæй,
Сæ размæ ку 'рбадтæй риндзи
И сау хонхи æскъуди,
Æ хъæрæймагæй сæбæл уордæгæй
Топпадзагъд кæнун ку исамайуй.
Сæ хауæггаг син ледзæггаг ку фæккодта,
И гъæуи рæгъау фæстæмæ ку раздахта.
Уæд æй и гиаур Сарий бохъургинтæ
Ку фæццæф кодтонцæ, æ риндзи бадгæй.
Ку ниххауй дагъи, æ тоги æвдулгæй,
Æ сау рæсугъд, æ бийнонтæ æ зæрди ку 'рæфтуйунцæ.
Сарий байзайæггæгтæ фæдеси
Бæргæ нихъæртунцæ Сарий гъæумæ,
И уорс рехæгунтæн ку радзорунцæ;
И зæронд лæгтæ ку ниддесунцæ,
Ци дессаг адтæй, ци алæмæт æй,
Ауæхæн цау нæбæл ку нæма æрцудæй.
И зæрæндтæ йимæ ку ранæхстæр унцæ
Æма йимæ бæргæ исхъæртунцæ.
Ку'й исесунцæ хонхи дагъæй,
Уодхæрттæ гæнгæй, Мустафай,
И кæсдæртæ йибæл ку рафæндæ кæнунцæ:
«Фидгуни къуæхтау æй æрацæй кæнæн».
Уæд и хесдæртæ ку радзорунцæ:
— Цæй, ни 'й-уадзетæ, ба-нин-бæздзагнæй еу есгæми. —
Ку 'й æрæвæрунцæ мæрсинтæбæл
Æма ранæхстæрунцæ Саримæ.
Уæд и Мустафа ку исдзæбæх у,й,
Уæд æй ку бакодтонцæ бæрзонд мæсуги.
Мади зæрдæ кæми гæдзæ кодта
Æ лæхъуæни тог есунмæ:
Æфсæдти хæццæ ку ранæхстæруй.
Сарий æфцæгмæ, уæд, ку исхъæртунцæ,
Хæрæмегъæ сæбæл уоми ку 'рбадуй.
Уоми сæмæ Сарий фийау ку ниццæуй
Æма сæ ку бафаэрсуй: «Ци уавæр айтæ?»
Уæд уомæн æ мадæ ку ниццæйдзоруй
Æ зæрди хабæрттæ.
— Æ мадта уин уой ка рахона, е ба — æз,—
Уотæ син фийау зæрдæ ку байвæруй.
Ку ниццæуй Сарий гъæумæ
Æма йимæ ку бадзоруй;
Уордæгæй Мустафа ку рагæпп кæнуй,
Уотемæй ледзунмæ ку ниййагайуй,
Комкоммæ къулух, фæссаууон дзæбæхæй.
Уæд Сари æд зæронд, æд нæуæг
Æ фæсте ниппарасетæ унцæ.
Уотемæйти сæ æнæтугъдон рæвдзæй
Æфсæдти астæу ку исмедæг кодта.
Уотемæй уоми Сарий адæми
Æнæхатирæй ку ниццагъта.
Уотемæй Мустафа æ мади хæццæ
Йе 'фсæдти хæццæ ку ниффардæг уй.

Радзырдта йæ Хамицаты А. Ныффыста йæ Хъазыбегты Хъазыбег.
«Ирон адæмон сфæлдыстад», Дзæуджыхъæу, 1949, ф. 257—259.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru