поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
30. ДИГОРИ РАГОН СИМДИ ЗАР
Автор: 00mN1ck / 25 декабря 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
Дигорæн сæ коми думæги адтæй гъæу,
Æ ном хундтæй «Кети-гъæу».
Биаслантæ тухæ кæнунмæ цудæнцæ Дигорæмæ,
Биасланти устур Хъайтихъо цудæй Дигорæмæ тухæ кæнунмæ æнбалти хæтдзæ.
Йеу хатти кæми адтæй, уоми æрбацудæй къуари хæтдзæ,
Тухæ кæнунмæ Кети гъæумæ,
Барæуадзæ гъог равгæрдидæ,
'Ма минасæ кодта йеци гъæуи.
Уæд сæхемæ цæун унаффæ искодта,
'Ма гъæуи барæуадзæ дæр кизгæ ка адтæй, уой рахаста æхецæн,
Кизгæ курд адтæй гъæуи барæуадзæдæр лæхъуæнæн,
Сиууойти Мæсуйæн;
Мæсу адтæй Кæсæги балци.
Хъайтихъойæн йе 'мбалтæ исниуæстгун æнцæ, 'ма никъуæрдтонцæ разæй,
Æхуæдæгка кизги хæтдзæ исбадтæй галуæрдуни, разæй ба—галдæрæг,
'Ма йбæл исæмбалдæй уотемæй Мæсу Сиууойти, кизгæ курд кæмæн адтæй, йе.
Кизгæ искудтæй, 'ма ймæ дзоруй:
«Æз фесафтæн, фал ду дæхе мабал фесафæ,
Нигкидæр кизгуттæ — берæ».
Лæхъуæн имæ дзоруй:
«Тæрсгæ ма кæнæ, цæугæ кæнæ, уæдта ин ци кæнун
Гъæуа, уой æз базондзæнæн», —
'Ма æ хæтдзæ раздахтæй фæстæмæ.
Кизгæ ку 'скудтæй, уæдта Мæсумæ дзоруй æлдар Хъайтихъо:
«Ду ци дзорис аци кизгæмæ?»
Йе ба имæ дзоруй:
«Кизгæ мæ хуæрæ 'й, 'ма мæн ку фæйидта, уæд искудтæй уобæл.
Йе нур ба æз дæр дæ хæтдзæ издæхун уой туххæй,
Æма а кизгæ æрхунæй рамæлдзæнæй».
Бацийнæ кодта кæсгон æлдар,
Æхе ин бамудта:
«Æз дæн Биаслантæн сæ тæгкæ сæртæй, Хъайтихъо-æлдар.
Хуарз дин фæууодзæнæн», — зæгъгæ, ин зæрдæ байивардта,
Уæдта 'й адтæй косæг искæнуйнаг.
Нур ба Толдзгуни адæгтæмæ ку бахъæрдтæнцæ, уæд rизгæмæдзоруй лæхъуæн:
«Нуртæгкæ 'й маргæ кæндзæнæн, 'ма мæ фæсабæрцæмæ бадунмæ гъавæ-йеу».
Фæсдегкæй æхе фæууорæдта, 'ма 'й дууæ фати йе 'фтигъд топпæй фæодегкæй ниццавта, 'ма дууемæй дæр галдæрæги хæтдзæ, æрдти астæумæ ниххаудтæнцæ.
Кизги æ фæсабæрцæ февардта, 'ма æрбахъæрдтæй саэ гъæумæ,
Ниффæдес кодта гъæубæл:
«Æлдари рамардтон, алке æхе æфснайæд, кæсæг нæ цæгъдгæ кæндзæнæнцæ».
Æнæ бæрцæ уайæг бæх имæ адтæй, 'ма рабадтæй,
Кæтлæревски бадтæй Терки хъазах, 'ма æмбесæхсæви уонæмæ рахъæрдтæй.
Уруссаг æвзагæй дæр зудта 'ма уордигæй райста афицер дæс æма дуйинсæй хъазайхагей хæтдзæ:
«Кæсæг нæ цæгъдунцæ 'ма нæ уæхемæ райсетæ», — ци бакуста уой син радзурдта.
Рацудæнцæ хъазахъ æ хæтдзæ. 'ма сехуар агфони исхъæрдтæнцæ
Кети гъæумæ.
Кæсæги фæдес дæр æрбахъæрдтæнцæ,
'Ма хъазахи ку 'ридтонцæ, уæд нæбал бандиудтонцæ,
Æндæра сæ адтæнцæ ниадæгъдуйнат. Афицер дзурд равардта:
«Сумахæн ами цæргæ нæбал æй, алке цурхæд æ дзауматæ».
'Ма сæ фæлласта æ хæтдзæ,
'Ма син равардтонцæ Мæздæги гъæуи буйуат.
Сæхебæл ном исæвардтонцæ «Мæсу-гъæу».

Радзырдта йæ Тобойты Цицеу Дзæрæхмæты фырт. Ныффыста йæ Толасты Андрей, 1927 аз, 5 апрель. Чырыстонхъæу.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 82, ф. 313—315.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru