поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
https://miraterra.ru/ | Kometa Casino  
 
33. ЧЕРМЕНЫ ЗАРÆГ
Автор: 00mN1ck / 18 января 2008 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
Уой, Чермены тохы зарæг
Цы бæлццæттæ бакæной,
Уыцы бæлццæттæ, уæдæ,
Уой, фæндараст æрбауой!
Уой, уæдæ хуссайраг бæлас
Макуы, дам, мын ракæла,
Уой, æмæ куы ракæла, уæд та
Макуы, дам, бамбийа.
Уæй, Чермены хуызæн гуырд,
Уой, макуы райгуыра, ой,
Уæй, куы райгуыра, уæд та
Макуы, дам, нын рамæла, ой.
Тылаттатæ дæу, Чермен,
Кæвдæсард куы ;хонынц,
Уой, дзæнæты фæбадай,
Уой, фæйнæгфарс сахъ Чермен.
Уой, уаед дын, иу бон куы уыди, —
Чермен хæтæнæй æрцыди.
Уой хæтæнæй куы 'рбаздæхт,
Сæ хæдзармæ куы бараст, ой,
Уæд, зæгъы, йæ зæронд мады
Сæ къонайæн йæ фарсмæ
Цæссыг калгæ 'рбаййæфта
Мæстхуыз æмæ 'рхæндæгæй.
— Уой, нана, цы та кодтай?
Æрхæндæгæй цы бадыс!
Дæ зонд, дæ тых мауал хаэр.
— Æнæ мæт мьвд куы нæ ис, ой. —
Куы ракæны йæ ныхас, —
Нана дæ нывонд фæуа,
Тылаттаты уæздæттæй
Цæрын куы нал фæразæм, ой,
Уой, æмæ дæ нана дæр
Донмæ куынæуал 'цæуы,
Куыроймæ дæр нал уæнды,
Уæ, сæ бындур ныззила!
Тылаттатæ байуæрстой
Уой, сæ зæххыты дзæбæхтæ,
Уой, дæуæн та дзы, уæ Чермен,
Кæвдæсарды хай скодтой.
— Уой, фæкæс-ма-иу, нана.
Райсом бон куы 'рбацъæх уа,
Уæд зæххæн йæ фæлмæнтæ
Цæхгæр'мæ куы кæндзынæн.
Уой, уæд, дын, иу бон Чермен
Райсом раджы куы сыстади,
Уый хуссæрттыл бакодта
Цæгатæвæрд зæххытæ,
Цæгатыл та — хуссæрттæ.
Тылаттатæ смæсты сты.
Фæйнæрдыгæй йæм кæсынц.
Мæстæй йæм куы сыгъдысты.
Уæд иу бон Тылаттатæ
Дыууадæсæй рараст сты
Уыдонимæ, дын, уæдæ,
Сахъ Чермен дæр рацæуы, ой,
Хæтæнты, дын, рацæуынц,
Иу ранмæ куы баздæхынц
Ыстыр бæласы бынмæ.
Бæласы бын æрлæууынц,
Æмæ сæ иу бадзуры: —
Ацы бæласмæ, зæгъы,
Чи схиздзæн, чи ракæсдзæн,
Æмæ дзы чи суындзæни
Хъулгъайы стыр рæгъæуттæ, ой.
Чермен, дын, уæд куы схызти
Тулдз бæласæн йæ сæрмæ.
Гæрæхтæ йыл райдыдтой
Тылаттаты мæнгæрдтæ,
Чермен, дын, уæд фæцæфтæ.
Æргæпп кодта бæрзондæй,
Æрбалвæста йе 'уазнгтæ.
Домбай æвнæлд фæкодта,
Уой æмæ ма дзы дыууæйы
Ныххурх кодта йæ къухтæй.
Уой рухсаг, зæгъ, æрбауай,
Бестолы фырт хорз Чермен!

Азарыдис æй Къæбулты Гриша. 1939 аз, 17 январь, Сталинир.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 7—9.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
#1 написал: Маирбек (25 ноября 2008 01:58)
Рагаей даер Ираеттае хихор адаем куы уыдысты....
Скъолайы йае куы цыдтаен, уаед маем куыддаер аендаерхуызон каст ацы радзырдаен йае хъуыды.

Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru