(вариант) Гъей, гъей, гъей, цæрьш нæ куынæуал уадзынц Ацы уæздæттæ, гъей. Ой æмæ, ой, цы кæнæм! Гъей, гъей, кæвдæоарды цардæн Куьшæуал фæразæм, гъей. Ой, уæдæ, дарддæр та куыд цæрæм, Ойти æмæ уæрæйдæ, Ой, ам нын цæрæн бæстæ Куынæуал у, загътой, гъей.
Цæй-ма, цæй, ацæуæм, уæдæ, Будзи, Ацæуæм Уæлладжыры коммæ, гъей! Ойтæ 'мæ, ой, фæцæуæм, Ой, нæ мадырвадæлтæм, Цæлойтæм, уæдæ, гъей! Ойтæ, уæрæйдæ, ох-мардзæ, Цæй, уæдæ, фæцæуæм... Ой, Будзи бадзуры Аслæмбегмæ, гъей, Ой, тæрсын, Цæлойтæ нæ Цыма нæ бахъахъæндзысты, гъей! — Ой æмæ, ой, цæй тыххæй? — Ой, æнæсæрæн авд æфсымæрæй Адæджы бын куы фесты, гъей! Афтæ, мæ хур, афтæ, Будзи, Адæджы бын фесты; Гъей, нæхи бакæнæм Стыр мыггаг Зæнджиаты уазæг.
«Зарджыты чиныг», Орджоникидзе, 1942, ф. 97—98.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |