39. ТОМАЙТЫ ТÆТÆРХЪАН |
Автор: 00mN1ck / 22 июля 2008 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ |
Гъей, Дунайы дон, дам, хæтæлтæ фæласта, Ой тох, тох-тох. Ацы дзуттаг, дам, хъаматæ фæласы Дунайы хæстмæ.
Дзуццаты гуыдыр, дам, дæгъæлæй бачынди. Дæ сау ныййарæг, дам, Ручъы 'хсæн дзæгъæлæй баззади.
Сæууон хур, дам, Хъæриуыл сæмбæлди. Туркаджы нæмыг, дам, мæ риуыл сæмбæлди.
Хуыбецты цайдан куырдадзы баззад. Мæ рæсугъд ус, дам, куырдуаты баззад.
Ацы азы хор, дам, Дæ задимæ, Ацæут æмæ ацы джауыры ракæнут йæ мадимæ.
Фиййауы далыс, дам, уæтæрыл сæмбæлд. Туркаджы нæмыг фæцыд æмæ мæ сæрыл сæмбæлд.
Æрджынарæджы мын хъузæй дугъæттæ, Рахæссут мын мæ дзаумæттæ мæ мады раэмæ тугæй хъулæттæй.
Елхоты дон æмæ Сæнайы дон цæутæ-зилгæйæ баззадысты, Мæнæн мæ мад æмæ мæ хотæ кæугæ-ниугæйæ баззадысты.
Радзырдта йæ Калоты Егор, 1937 аз. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 13, ф. 270.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |