42. ПУХАТЫ ИЛИКЪО |
Автор: 00mN1ck / 31 августа 2008 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ |
Дзæнæты бадай, Дзæнæты бадай, Пухаты Иликъо, — Уæй, уæрæйдæ, ой; Дзæнæты бадай, Пухаты Иликъо. Адæмы тыххæй, Мæгуырты тыххæй Æлдæртты цагътай, — Уæй, уæрæйдæ, ой, Адæмы тыххæй Æлдæртты цагътай. Фынгтæ самадтай Фынгтæ самадтай Сыгъдæг мохъотæй, — Уæй, уæрæйдæ, ой, Фынгтæ самадтай, Сыгъдæг мохъотæй. Фынддæс рамардтай, Фынддæс рамардтай Сыгъдæг булкъонтæй, Уæй, уæрæйдæ, ой, Фынддæс рамардтай Сыгъдæг булкъонтæй. Хæхты сау сырдтæ, Хæхты сау сырдтæ 'Хситтæй куы лидзынц. Уæй, уæрæйдæ, ой, Хæхты сау сырдтæ 'Хситтæй куы лидзынц, ой. Хæдтулгæ уæрдон — Тæхгæ машинæ Куы 'ййæфтай къахæй, Уæй, уæрæйдæ, ой, Дзæнæты бадай, Пухаты Иликъо.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 21
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |