Уæй, уæрæйдæ, Уæй, уæрæйди-рæйди, уæйтæ, Хохы цуанон сау зым амардта, Илаты Дзыбыртт сауджыны амардта. Далæ сæнæг дон-дон æрбацыди, Йе 'мбал Дзитдзайы лæппу та йыл комдзог рацыди. Чехойты Цопан Дзæуæджы хъæуæй Бадмæ æрбацыд, Бадмæ æрбацыд, Уæй-уæй, уæй-уæрæйди, рæйди-уæйтæ, Илаты Дзыбыртты куы 'рцахстой, уæд ауындзæнмæ Заргæ æрбацыди, Заргæ æрбацыди.
Радзырдта йæ Туаты Батырадз, 25 август, 1928 аз, Туалгом, Цми. Ныффысга йæ Толасты Андрей. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 268.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |