Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 3. ЙЕЛБЕРДУХЪИ ЗАР
3. ЙЕЛБЕРДУХЪИ ЗАР11 ноября 2007. Разместил: 00mN1ck |
I Гъе-гъе-йæ, Хъæрæми æфсæдтæ æрбацæунцæ Æмæ Даргъони истур æрдози æрбадунцæ, Уæ-йи-йæй, гьæй! Халон уасæг, сунт гъæргæнæг Ка фæццæуа Дигоргоммæ хабархæссæг: Хъæрæми æфсæдтæ æрбацудæнцæ! Уой, æма сæ гъæргæнæги гъæрмæ Дигорæ æрæмбурдæнцæ; Фæндтæ 'ма фæнди сæртæ ку кодтонцæ. Туйгьанти хуарз Йелбердухъ Дигори астæу ку разæгъуй: «Æз сумах фæндитæмæ нæ бал кæсун, Дигори сæрбæлтау мæ хуцау фæккæнæд!» Гъей-гъæй-гъæй, Дигори æфцæгæй хæрæмегъæ ку ракæсуй, Хæрæмегъæ нæ уодзæнæй, — Туйгъанти хуарз Йелбердухъ Æ цъæх саулохбæл ку уодзæнæй. Даргъоми сау хæрæмегъæ Даргъоми стур гъæди Йеугай пъæстутæ ку никкæнуй. Сау хæрæмегъæ нæ уодзæнæй, — Хъæрæми æфсæдти бæхти Коми тулфæ ку уодзæнæй. Цъæх хæрæмегъæ дæр нæ уодзæнæй: Туйгъанти бæгъатæр хуарз Иелбердухъ Æ цъæх бæхбæл ку уодзæнæй. Уæй, сæхе тургъи кæд æма Æвдцонгон бæласæ адтæй, Абисалти хуарз Деулетæн Хуарз Йелбердухъи фæсте Рацæуун ин ку нæ бантæстæй. Бицентæмæ йын гъосинидзаг Уæрасæ адтæй. Йелбердухъ дæр Хъæрæми æфсæдти ку раздахуй, Сæ тонаутæ син уæд рахæссуй. Дигорæ нæ бафедаунцæ. Хъарабугъати минги Хъарабугъа Ку разæгъуй: «Дигори астæу Туйгъанти Йелбердухъ Кæми нæ бал æй, Уоми мæнæн дæр цæрæн нæ бал йес!» — Хуæрзæ бонæ рауотæ, зæгъгæ, ку рацæуй. Дигори 'фцæгбæл йелбердухъбæл Уæд исимбæлуй æ тонаути хæтдзæ. «Уæй, Йелбердухъ! Дæ хъарæ дин Хуцау ма басæдтæд! Нур ба хайвæндагæй хай æмбæлуй!» «Гъай-гъай дин хай бакæндзæнæн, Фал кæд дæ мадæ, дæ фидæ Уездон адтæнцæ, Уæд куд адтæй, уой ма банимæхсæ!» II Гъе-гъе, йæ-йæ, Туйгъантæмæ ка бадзора: Муртазати хонсари уæ сугъзæрийнæ бæласæ ку рахъан æй! Гъей-гъе, йæ-йæ, уæй, Дигори æфцæгæй Сау мегъæ пъæстугæйттæй ку цæуй. Туйгъанти хуарз Дзахсумелон Æ йенцегбæл æ сау дзиккотæ Пъæстугæйттæ уæд ку тонуй, Уони Дигори æфцæгæй Уæд ку гæлдзуй. Сæхс бæх ба æргъайуаг æй; Тасолтанти хуарз йелбердухъ Йесге уоси фæсте рамæлунмæ, Уæ-йи-йæ, æвгъайуаг æй! Тугъанты Тæтæрхъаны дзырдтæй, фыст æрцыди 10 майы 1921 азы. ЦИНИИ-йы архив, фольклор 111, папкæ 89, ф. 174—176. «ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |