Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 17. САРИ-АСЛÆНБЕГИ ЗАР

17. САРИ-АСЛÆНБЕГИ ЗАР


29 ноября 2007. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Дæлæ коми думæги хæрæ мегъæ æрбацæуй.
Йе хæрæ мегъæ нæ уодзæнæй,
Фал Сари-Аслæнбеги æфсæдти бæхти коми тулфæ ку уодзæнæй.
Æфсæдтæн сæ сæрти тæхунцæ сау халæнттæ.
Йетæ дæр сау халæнттæ нæ уодзæнæнцæ,
Фал æфсади бæхти къæхтæй хæрдмæ ци сигити къуæбæрттæ æсхъеуй,
Йетæ ку уодзæнæнцæ.
Æфсадæн сæ разæй æрбацæуй æртæ 'фсæнцъух берæгъи.
Йетæ дæр æфсæнцъух берæгътæ нæ уодзæнæнцæ.
Уонæй асдæуккаг ку уодзæнæй Хъайтухъи-фурт Сари-Аслæнбег.
Æрбацæуй æ галти мæстæн Хъанухътæмæ хъалон йесунмæ.
Уомæн æ рахес фарсæй мистрагъ цагъдийбæл бадуй адæнхуар
Хъарадзауи фурт Сафаралий.
Æ галеу фарсæй усдур тæрæнбæл — Бийи фурт Муртазалий
Уæлæ Мисигони дони сæри уорс сæр цæргæс уæд ку 'рбадуй йе 'фсæдти хæтдзæ.
Донифарс дæр фæндæ 'ма. фæнди сæртæ кæнун уæд ку райдайунцæ.
Уонæн сæ рæгъæг уæд ку адтæй Хъа'нухъи фурт уодур Есе.
Сæумæ, зæгъуй, Сари-Аслæнбег æхе гъудй уæд ку рацæуй æ хъувгъани хæтдзæ.
Хъанухъти Есе æй мæсуги сæрæй æ 'Мадзайрагæй уæд ку фехсуй.
Хъувгъанæн ма Сари-Аслæнбеги къохи ку райзайуй айдагьдæр ма æ хуæцæн.
Уой фæсте сæмæ Донифарс ку рарветунцæ:
«Ранæмæ хæсдæг уо, бадин хуæрун кæндзинан Мисигони хуарæй хулутдзаги кæрдзин.
Тæторсон уорсагæй хъæбæргомау цæхгун цигъд.
Уобæл ку нæ банвæрсай, уæд дин æвæрдзинан нæ уорс дзолæй фиди хæтдзæ.
Кенæ ба сæресгæ æхцин муди хæтдзæ.
Йе дæр дæ зæрдæмæ ку нæ бацæуа,
Уæдта дæ бакæндзинан Хъозити бунгкæгти хути хæтдзæ,
Уотемæй дæ рарветдзинан усдургомау фуди хæтдзæ.
Махæн нæ цард нæ мосæй æй.
Афойнадæбæл ку нæ райсай дæхе,
Уæд дæ нæ астæумæ æлласдзинан цæу ласæгау дæ гъосæй.
Хъарадзауи фурт, дæуæн ба, Хъайтухъи фуртæн тухæй канæ бантæстæй,
Уой ин банхæст кæнæ дæ уосæй.
Махæн нæ фонси хезнæ Тæторс æй —
Хъарадаауй фурт, дæуæн уомæ кæсунæй дæ сау рехе æмæ дæ рахес цæстæ исорс æй.
Бийи фурт, дæуæн ба Донифарс кæнуннæ æлдари фæдбæл куййау хæтун ходуйнаг».
Сари-Аслæвбег сæргубурæй уæд ку рандæ кæнуй йе 'фсæдтæ ходуйнаги хæтдзæ Донифарсæй.

Радзырдта йæ Хъараты Мырзабег, 4 август, 1933 аз, Лескен. Ныффыста йæ Цъеуты Израил.
ЦИНЙИ-йы архив, фольклор № 20, папкæ 70, ф. 18—19.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru