Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 18. ФÆСНÆЛИ СÆРИ АРВИ ДУАР КУ БАЙГОН ÆЙ, УÆД ГЪЕ УОЙ ЗАР

18. ФÆСНÆЛИ СÆРИ АРВИ ДУАР КУ БАЙГОН ÆЙ, УÆД ГЪЕ УОЙ ЗАР


30 ноября 2007. Разместил: 00mN1ck
Арви дуар ку байгон æй, уæд Донифарси Хъанухъти усдур къубус æ бунтæй ниррезуй.
Хъанухъти усдур Есе сугъзæринæ урундухъæй тъупп иаэнгæ рахаудтæй:
Баизудта: «Ахсæви игурд райгурдæй,
'Ма 'й хуцау мах Донифарси фæккæнæд». Дууæ лæги рарвиста,
'Ма Донифарси æртæ гъæуеми æрхаттæнцæ,
'Ма дзи некæми неци рантæстæй.
«Хуцаути мæхе хуцау, уæддæр æй баделион игурд ма фæккæнæ»,
Баделион игурд уогæй æй, хуцау, Хъубадтæ, Абисалтæй æй ма фæккæнæ,—
Хъубадтæ æнцæ фæлмæн æвзаг æма синдзæ зæрдæ,
Абисалтæ дæр лигъз гом, фал искъели науæрттæ ба уадзунцæ;
Хуцауæй фæккæмæд уæддæр Туйгъантæй,
Туйгъантæ æнцæ нæл фуси уавæрæн».
Гъенур ба сæумæ гъæуай кæнунмæ рарвиста Есе,
Сугъд искъæдти тегъæй гъæуай кæнунцæ æ гъæуайкæнгутæ.
Нари согдзаутæ рацæунцæ заргæ.
Ба-сæ фæрсунцæ:
«Цæбæл заретæ, цæбæл цийнæ кæнетæ?»
«Хъубадти Тазейæн æ фæс мæрдæ лæхъуæн райгурдæй, 'ма 'й бæл ном исæвардтонцæ Тазей фурт Тазæрет».
Хъанухъти Есе загъта:
«Кæмæй фæттарстæн йе мæбæл æрцудæй,
Нур ба 'й йенцег хæссун гъæуй,
Дзедзе ин бадарун гъæуй».
«Йенцег æхсæн ку нæ фæууæн, уæд йе мæн цæрун нæбал ниууадздзазнæй».
Рацмæ æрвиста йенцег хæсгутæ:
«Игурд райгурдæй Хъубадтæ, сумахмæ.
'Ма 'й Есе коруй йенцег исхсæссунмæ æхемæ».
Йетæ ба сæ рафæливтонцæ: сæ косæг уосæн дæр лæхъуæн раигурдæй,
'Ма сæмæ уой равардтонцæ.
Уомæн дзедзе бадардтонцæ Хъанухътæ,
Уонæй, уотæ, кæд дзедзе бадардтан Тазæретæн,
Йетæ ба 'й кæд уингæ дæр нæ фæккодтонцæ.
Уалдæнги Тазæрет багъомбæл æй,
Есейæн тухæ казнун байдæдта;
Есе имæ минæвæрттæ æрвиста:
«Æхсир бор нæ асдæу ку æй,
Уæд мин мæ зæронд мæ цæстæмæ цæмæн дарис».
Тазæрет ин загъта:
«Æгириддæр дæуæй мæн асдæу æхсир бор нæ 'ййес.
Цидæр дин бакæнон — тæрегъæд дæр мин нæ 'й, ходуйнаг дæр мин нæ 'й.
Нæ фитдæлттæ ди сæ зæрдæбæл берæ уазалдзинæдтæ дарунцæ.
Ду иохастæй йенцег нæ косæг уоси фурти,
Æнгъæлдтай абони уалдæнги, кæд Тазæрети исхастай йенцег,
Фал исхастай нæ косæг уоси фурти,
'Ма дин уой зонун кæнун абони».
Нур ба Тазе ку мардæй, уæд Тазæрет губуни байзадæй;
Ниффæдзахста: «Уæхæн игурд мæ фæсте райгурæд,
Хъанухъти Есей æфсæйнаг колдуарæй
Æ бæхæн цуппар цæвхати ка искæна».
Есейæн æ зæронд æрæййафта,
Тазæрет ба æ тæккæ дзаманй,
'Ма ин йе 'фсæйнаг колдуар рафтудта, æ бæхæн си цуппар цæвхати искодта.
Тазе æй Фазснæли, дууæ дони уобайи ивард;
Тазæрет æ цъæх саулохбæл гъазгæ æрбацудæй уордæмæ,
Æ фиди уобайи дуар бахуаста æхсæй:
«Дæ фæсте игурд райгурдæй.
'Ма дин дæ уосиат исæнхæст кодтон,
Кæд йесди мæститæ дæ губуни бахастай Хъанухъи фуртæй,
Уæд мæрдти надæй дæ маст исцæуæд».
Йеци загъдмæ мард æртæ хатти раргъувта æхе, —
Уойбæрцбæл знаг адтæй Дигори сæрбæл
Хъанухъти усдур Есе Баделиатæн.
Æ лæг афони ймæ некæд бандиудтонцæ,
Æ зæронди ба 'й бафхуардтонцæ.
Æвæстаг лæг адтæй, мæстæй рамардæй Есе.


Радзырдта йæ Тобойты Дзæрæхмæты фырт Цицеу, 23 февраль, 1927 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8., ф- 322—324.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru