Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 8. ДИГОР-ХЪАБАНИ ФУРТ АЙДАРУХЪИ ЗАР
8. ДИГОР-ХЪАБАНИ ФУРТ АЙДАРУХЪИ ЗАР4 декабря 2007. Разместил: 00mN1ck |
Дигор-Хъаба.ни фурт Айдарухъ адтæй, Далæ Кæсæгмæ ку фæццудæй, Уæд имæ Кæсæги æлдæрттæ рацæун не 'ндиудтоицæ. Сæ тохъосаути имæ рарвистонцæ, 'ма син не 'рфестæг æй. Устур æлдар и' всини гъæуи цардæй. 'Ма 'йиадæ ракастæй æхуæдæг, æрæйфестааг.кодта, 'Ма 'й сæ уæлнихтæ бахастонцæ æлдæрттæ, Сæ фингитæ исестондæ, 'ма ин нæуæг фингитæ ивардтонцæ. Дзоруй сæмæ: «Мæ хæтдзæ уи йесге финги исбадæд!» — зæгъгæ. 'Ма си неке 'ндиудта. Уæдта сæ йеу исбадтæй æ хæтдзæ, 'Ма 'й бафарста,— (фæреунæй айепп некæми йес) — «Ци изæд дæ, ци идауæг дæ?» «Изæд дæр нæ дæн, идауæг дæр иæ дæн, Зæнхон лæг дæн, Дигор-Хъабани фурт Айдарухъ дæн». Хуардтонцæ, ниуастонцæ. Кæсæги æлдæртти æвсиндтæ, кизгудтæ ба имæ Дуæрттæ-къæрæзгитæй кастæнцæ: Ци дессаг æй? ци хуæрзконд æй. Æ гурæбæл ин нивтæ кодтонцæ, Æ къахдзæфтæбæл ин нивтæ карстонцæ, Уотæ 'йимæ хицæ кодтонцæ, 'Ма ка йbтмæ æ дзедзетæ æвдиста, Ка ба имæ æ дзиккотæ æздухта, Ка ба имæ æ къох тилдта, мæнмæ рацо, зæгъгæ. Цæун фæндæ искодта. 'Ма ин æ хæтдзæ усдур саугъатæ равардтонцæ: Ка ин æхсгæ топп лæвардта, Ка ин сугъзæринæй гъæст æхсаргард лæвардта, 'Ка ин саулох бæх æд саргъ, æд идонæ лæвардта, Ка ин сугъзæрингун сахат лæвардта, Ка ба ин æ къохбæл сугъзæринæ къохдарæн бакæнидæ, Кæсдæрйеуæг кæнæг ба ин æ хæтдзæ адтæй Бадели: Йе 'хуæрст куд адтæй, уотæ. Ку 'рбацудайдæ, Мæхчесги æмбурд ку кæнионцæ, уæдта 'й æмбурди Кæрони бæхбæттæнæн дардта Баделий. Гъинур ба Айдарухъ базæронд æй, 'Ма æмбурдмæ нæбал цæуй, Кæсæнцæстæй ракæсуй 'ма Баделий ниууидта: Æмбурди дуййех кæнгæ исцудæй æнæ 'рфестæгуогæй. Йеци бон Айдарухъ загъта: «Æ уæууæи, уæууæи, Дигорæ, Аидарухъуин оазæрондæи. Æз æй бæхбæттæнæн ку дардтон, Нур ба уин фестæг дæр ку нæбал кæнуй, Æцæг уæмæ ку некебал йес, Дигорæ. Уæдæй фæстæмæ Айдарухъ Æмбурдмæ æ фу.р мæстæй нæбал цудæй. Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, 10 август, 1927 аз, Уæхъæц. Ныффыста йæ Толасты Андрей. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 82, ф. 197—198. «ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |