Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 27. ХÆМИЦАТИ ХÆМИЦИ ЗАР
27. ХÆМИЦАТИ ХÆМИЦИ ЗАР19 декабря 2007. Разместил: 00mN1ck |
(вариант) Уæлæ усдур Тасолтанти авд æнсувæрей фидæ Тасолтан адзали сæйгæ ку фæцæй. Æ йавд лæхъуæнемæн уæд йе ку баойсат кæнуй: «Уæ еунæг хуæрæ Фатъиймæт-рæсугъдæн аргъ йскæнун базонетæ. Дæлæ уин устур Ногъайæй сæдæ бæхи ка нæ истæра, уомæн æй ма радтетæ». Фатъиймæт-рæсугъди уæд коргутæ куд нæ адтайдæ. Бонæ сæмæ, зæгъуй, сæдæ минæвари уæд ку бацæуидæ. Тасолтантæ сæ фиди уой-сат æнæ исæнхæст гæнгæй сæ хуæрæ ку некæмæн дæттунцæ. Фал ке арми æфтудæй устур Ногъайæй сæдæ бæхи истæрун? Уалдæнги сæмæ Хæмицати минкъий Хæмиц æ минæвæрттæ бæргæ барветуй. Тасолтанти авд æнсувæри уомæн дзуапп уæд ку радтунцæ: «Мах нæ фиди уойсат нæ нийхалдзинан. Устур Ногъайæй сæдæ бæхи ка 'рбатæра, нæ йеунæг хуæри уомæй уæлдай некæмæн рат-дзинан». Хæмиц уонтæ бæрзонд æма сæр губурæй уæд ку раздæхуй. Хъæстæн рæуæг æма зæрдæн дзæбæх хуаллаг уæд ку ракæнун кодта. Йе 'нгæрттæ, йе 'ртхæрдтæ, йе 'мбæлттæбæл бæргæ разелуй, йесге уи мæ хæццæ рацæуæд, зæгъгæ. Сæ гъос имæ ку не 'рдарунцæ. Мадта æгадæй ба нæ раздæхдзæнæн, зæгъгæ, æдумæггæгтæ æнарæг астæу-бæл уæд ку 'рбатохуй. Æ къуæрей бонмæ Тасолтанти тургъæмæ сæдæ бæхемæн æртæ сæ уæлдай, уотемæй сæ уæд ку баскъæруй. Фатъиймæт-рæсугъд йе 'нсувæртæмæ уæд ку бадзоруй: «Ракæсе-тæ ма, уæртæ уин уæ фиди уойсат кадæр исæнхæст кодта». — Ка уодзæнæй, уæхæн лæгигъæдгун ка разиндтæй? Тасолтантæ ймæ авд æнсувæремæй уæд ку рацæунцæ, сæ бæхæргъау ку 'рнимайунцæ. — А сæдæ бæхи сæдæ 'нцæ, фал ма и'ртæ бæхи ци уодзæнæнцæ? — Æртæ бæхемæй сæ йеу уодзæнæй колдуари бæх, дуккаг ку уодзæнæй мадирвади бæх, æртиккаг ба уæ фидæ æнгар уарзон адтæй æма уомæн æнгари бæх, — зæгъгæ, син сæ уæд ку 'рнимауй Хæмиц. Ци ма загътайонцæ Тасолтантæ дæр, сæ фиди уойсат син ку исæн-хæет кодта. Хæмицати минкъий Хæмиц Фатъиймæт-рæсугъди уæридадæ гæн-гæ уæд ку рахонуй. Радзырдта йæ Хъараты Мырзабег, 30 июль, 1933 аз, Лескен. Ныффыста йæ Цъеуты Израил. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 20, папкæ 70, ф. 50—51. «ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |