Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 33. ЧЕРМЕНЫ ЗАРÆГ
33. ЧЕРМЕНЫ ЗАРÆГ18 января 2008. Разместил: 00mN1ck |
Уой, Чермены тохы зарæг Цы бæлццæттæ бакæной, Уыцы бæлццæттæ, уæдæ, Уой, фæндараст æрбауой! Уой, уæдæ хуссайраг бæлас Макуы, дам, мын ракæла, Уой, æмæ куы ракæла, уæд та Макуы, дам, бамбийа. Уæй, Чермены хуызæн гуырд, Уой, макуы райгуыра, ой, Уæй, куы райгуыра, уæд та Макуы, дам, нын рамæла, ой. Тылаттатæ дæу, Чермен, Кæвдæсард куы ;хонынц, Уой, дзæнæты фæбадай, Уой, фæйнæгфарс сахъ Чермен. Уой, уаед дын, иу бон куы уыди, — Чермен хæтæнæй æрцыди. Уой хæтæнæй куы 'рбаздæхт, Сæ хæдзармæ куы бараст, ой, Уæд, зæгъы, йæ зæронд мады Сæ къонайæн йæ фарсмæ Цæссыг калгæ 'рбаййæфта Мæстхуыз æмæ 'рхæндæгæй. — Уой, нана, цы та кодтай? Æрхæндæгæй цы бадыс! Дæ зонд, дæ тых мауал хаэр. — Æнæ мæт мьвд куы нæ ис, ой. — Куы ракæны йæ ныхас, — Нана дæ нывонд фæуа, Тылаттаты уæздæттæй Цæрын куы нал фæразæм, ой, Уой, æмæ дæ нана дæр Донмæ куынæуал 'цæуы, Куыроймæ дæр нал уæнды, Уæ, сæ бындур ныззила! Тылаттатæ байуæрстой Уой, сæ зæххыты дзæбæхтæ, Уой, дæуæн та дзы, уæ Чермен, Кæвдæсарды хай скодтой. — Уой, фæкæс-ма-иу, нана. Райсом бон куы 'рбацъæх уа, Уæд зæххæн йæ фæлмæнтæ Цæхгæр'мæ куы кæндзынæн. Уой, уæд, дын, иу бон Чермен Райсом раджы куы сыстади, Уый хуссæрттыл бакодта Цæгатæвæрд зæххытæ, Цæгатыл та — хуссæрттæ. Тылаттатæ смæсты сты. Фæйнæрдыгæй йæм кæсынц. Мæстæй йæм куы сыгъдысты. Уæд иу бон Тылаттатæ Дыууадæсæй рараст сты Уыдонимæ, дын, уæдæ, Сахъ Чермен дæр рацæуы, ой, Хæтæнты, дын, рацæуынц, Иу ранмæ куы баздæхынц Ыстыр бæласы бынмæ. Бæласы бын æрлæууынц, Æмæ сæ иу бадзуры: — Ацы бæласмæ, зæгъы, Чи схиздзæн, чи ракæсдзæн, Æмæ дзы чи суындзæни Хъулгъайы стыр рæгъæуттæ, ой. Чермен, дын, уæд куы схызти Тулдз бæласæн йæ сæрмæ. Гæрæхтæ йыл райдыдтой Тылаттаты мæнгæрдтæ, Чермен, дын, уæд фæцæфтæ. Æргæпп кодта бæрзондæй, Æрбалвæста йе 'уазнгтæ. Домбай æвнæлд фæкодта, Уой æмæ ма дзы дыууæйы Ныххурх кодта йæ къухтæй. Уой рухсаг, зæгъ, æрбауай, Бестолы фырт хорз Чермен! Азарыдис æй Къæбулты Гриша. 1939 аз, 17 январь, Сталинир. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 7—9. «ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |