Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 36. БИНИЙ ЗАР

36. БИНИЙ ЗАР


6 февраля 2008. Разместил: 00mN1ck
Æзнаги дзаман адтæй, æзнаги дзаман.
Æзнæгтæ ба ка адтæнцæ? — Баделатæ.
Уонæн сæ нихмæ лæууæг ба ка адтæй? —
Хъазибегти Бини адтæй.
Авд анзей хъалон ку агурдтонцæ Баделатæ
Хъазибегти Бини уой'æ сæрмæ ку не 'рхаста.
Сæ нихмæ тохунтæ ку самадта.
Баделатæ сæ бæхтæ ку ниууагътонцæ,
Æнæ бæхтæй ку фæлледзæги 'нцæ.
Бини сæ ку æхста хонхи сæрæй.
И фæстутъд Хъазибегти Бини
Ку схистæй Хъæреуи хонхмæ
Уордæгæй ку нигъгъæр кодта йе 'нсувæртæмæ
— Гъейт, ме 'нсувæртæ, ци фæццайтæ!
Фæззинетæ, ку бæллун уин уæ уиндæмæ!
Хъæреуи хонхæй æ мади 'рвадтæлтæмæ
Ку 'рцудæй æма ку загъта:
— Гъе-мардзæ, æдта, куд неке зиннуй,
Арæби æдта ци бакиндæуа?
Цæмæннæ мин зæгъетæ ме 'нсувæрти бæрæг.
— Кæд дæмæ уодзæнæй уой бæрцæ хъаурæ,
Уæд дæ йеу æнсувæр Мæхæмæт
Ассийæй Абайтæй Хъургъохъмæ, мæ хор.
Авд анзей хуаллаг ку банбурд кæнуй,
Уотемæй Ассимæ ку рарает кæнуй.
Ассий ку ссеруй Абайти Хъургъохъи,
Ку ссеруй уæтæрти йе 'исувæри дæр
Донхæссæг æма ку.йтæн цæлгæнæгæй,
Фур цийнæй и'нсувæртæ ку никкæунцæ.
Абайти Хъургъохъ син ку 'ртæрегъæд кодта
Æма сæ дууей дæр ку бафарста.
Æ фарстæн ин Бини ку разагъта:
— Æз ме'нсувæри йервæзун ку кæндзæнæн!
Уæд Хъургъохъ ку разагъта:
— Махæн Бини тохун нæ бон нæй.
Мах дин де 'нсувæри кади хæтдзæ
Ку рарветдзинан раст дæ хæтдзæ.
Бæх ин ку равардтонцæ,
Уотемæй сæ ку рарвистонцæ.
Донифарси Коббегкатæбæл
Ку 'рбацудæнцæ.
Сæ фусун уоми ку æркодтопцæ
— Уо, иуазгутæ, хуцауи иуазгутæ,
Ци 'рдигæй фазццайтæ, ци хабæрттæ йес.
— И хуæнхти зелæн, — исдзуапп кодтонцæ, —
Фалæ нин Устур Дигори устур фæзм размæ
Над ка бамондзæнæй Таймасти Мæрзахъулмæ.
Æ мади æнсувæри хæтдзæ
Хъалнæхътæмæ ку ниффардæг унцæ,
Уоми ку 'рæнцайунцæ.

Радзырдта йæ Хъазыбегты Биссал, 1931 аз, Чырыстонхъæу.
ЦИНИИ-йы архнв, фольклор № 111, папкæ 89, ф. 43—44.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru