Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 40. ХЪАНТЕМУРИ ФУРТ ХУАРЗ ХЪАРАДЗАУИ ЗАР

40. ХЪАНТЕМУРИ ФУРТ ХУАРЗ ХЪАРАДЗАУИ ЗАР


24 июля 2008. Разместил: 00mN1ck
Коми сæрæй и уорс цæргæс ратахтæй,
Гурдзистонмæ фæттахтæй,
Уони-Калаки ниббадтæй,
Йейæ ка уодзæнæй,
Хъантемурти и хуарз Хъарадзау ку уодзæнæй,
Уомæн æ фиццаг цæф и тугури,
Сæхе бæхтæ ба — аласатæ.
Тæходуйтæ,
Мæнæн мæ даргъ кард мæ цубур цонгæн — цонгæнхасæн,
Уотемæй сæ ку 'ссердтайнæ Запарати, Кьерогенти,
Мухурани и лигъз будури,
Уæд сæ сæ керотæй раластайнæ,
Гъинур ба рачи, рачи рачумели,
Æнхуæц рачи Хъарадзауæн сачумели.

Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, Уæхъæц, 10 август, 1927 аз. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 194.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru