Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 41. ЦОРÆТЫ АЛИХАНЫ ЗАРÆГ
41. ЦОРÆТЫ АЛИХАНЫ ЗАРÆГ28 июля 2008. Разместил: 00mN1ck |
(Кæсæджы бæхгæс. Æлдар ын æхца нæ лæвæрдта, æмæ йæ уæд бæхгæс амардта) Ой, æмæ, дам, Цорæты Алихан, Ей, Цорæты Алихан. Ей, мæнæ та лæджы сæр бахъуыди. Ей, уæдæ, ей, Цорæты Алихан. Уæй тох, æй тох æмæ тох. Тохы боны гуырд. Ой, уæдæ, мæрдты рухсаг æрбауай, Рæгъаугæс Алихан. Ей æмæ, дам, Браны быны уæззаутæнæн, Уæ зæрдæ мæм ма æхсайæд, ме 'мгæрттæ, Æз мæ туг райстон уæздан лæгæй. Арыхъхъы рагъыл сусхъæд хæрис. Ныр ацы гауыртæ æргомæй сæ ныфс нæ хæссынц, Фæлæ мæ сæййафы сусæг фæдис. Горæты — сауджын æлдартæ. Ацы зарæг мыл ныккодтой мæ адджын æмгартæ... Радзырдта йæ Гусаты Хатъо. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты, Дауыт, 1938 аз. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 9. «ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |