Главная > Царциаты таурагъта > Хана

Хана


15 октября 2009. Разместил: 00mN1ck
Нарты цæуæтæй иу, Чырдæмха йæ ном, хорз хæцæг, хъæбатыр лæг уыдис æмæ æфсæдтимæ хистæрæй æрвыст уыдис, æддагон адæмтæм цы æфсæдтæ æххуырстæй ацыдысты, уыдонимæ йæ Хæмыц арвыста хистæрæй.
Чæрдæмхайæн баззадис ус Хана.
Хана бакасти æмæ йæ бамбæрста, Ирыстон кæй сæфы, Хæмыц æмæ Сырдон уыйас бирæ кæрæдзиимæ кæй хæцынц, уый фыдæй.
Хана уый дæр базыдта, бирæ хорз хæцджытæ æндæр паддзахæдтæм æххуырстæй кæй радтой, уый дæр сбæрæг кодта Хана, йæ мой Чæрдæмха кæй нал æрыздæхдзæнис Ирыстонмæ.
Фæндаг ын нал ис Ханайæн. Уый баздæхтис æмæ сфæнд кодта Хæмыцимæ æмæ Сырдонимæ тох байдайын.
Хана скодта йæ уæлæ æфсæн, хæцæн пысултæ, йæ къухы арц, йæ фарсыл хуымæтæджы кард (уыцы рæстæджы нæ уыдис дзæбæх хæцæн кæрдтæ), йæ сæрыл æфсæйнаг худ æмæ иу рæстæджы куы уыдис, æмæ Хæмыц æмæ Сырдон удæй-удмæ кæрæдзиимæ куы хæцыдысты, уæд сæм Хана багæпп кодта ацы дыууæ адæймагимæ – Ирыстоны кæй тыххæй сæфы æмæ семæ байдыдта удæй-удмæ хæцын. Нырма Хæмыцимæ, фæрæхуыста йæ арцæй æмæ йæ амардта. Стæй багæпп кодта Сырдонмæ, уыимæ дæр схæцыдис æмæ Сырдоны дæр амардта æмæ Къаукъазы нысæнттæ йæ къухмæ райста.
Ацы нысæнттимæ Хана æрбацыди Къаукъазы уæлмæрдмæ, Басылы уæлмæрдмæ, Нартийы уæлмæрдмæ æмæ сæ уæлмæрдыл скуыдта æмæ схъарæг кодта:
- Сымах бирæ сарæзтат Ирыстонæн. Бирæ, уæ арæзт цы уыдис, уыдон нарты адæм фесæфтой. Ирыстоны адæмы æмæ уæ куыстытæ иууылдæр ныппæрстой тæригъæддзинады. Ракæсут ма, арвы иу кæронæй иннæ кæронмæ уæ арæзт Ирыстон цы уынгæгдзинады бахаудис. Хæцынц æмæ уæ уæлмæрдмæ æрбахæццæ ис знаг, фæлæ знагæн нæ ныууадздзынæн уæ уæлмæрдты æмæ уæ нысæнттæ дæр, куыд нæ ауагътон æмæ куыд байстон уыдон Хæмыцæй æмæ Сырдонæй. Уæ нысæнттæ ницæй тыххæй никæмæн ауадздзынæн, цалынмæ æз удæгас дæн. Ирыстон кæд баззадис цъус, уæддæр æнæсаст у, уымæй уын дзырд дæттын Къаукъазы, Басылы æмæ нартийы уæлмæрдтыл. Уæ, нæ номдзыд Къаукъаз, нæ цытджын Басыл, нæ мадæлон мад Нарти! Кæд уæ ирон адæм сæ тынг зын хæстыты мидæг уый онг фесæфтысты, æмæ кæд фыццаг хурыскæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахис фарсæй йæ галиу фарсы онг иронтæ цардысты, уæд ныр æрмæст Къаукъазы æфцæджытыл баззадысты иронтæ хордзенау ауыгъдæй. (Стр. 271-272).

источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.
Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru