Главная > Хицæн кадджытæ > Тасолтанты Тасолтаны зарæг (вариант)

Тасолтанты Тасолтаны зарæг (вариант)


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Уыдис ын авд фырты Тасолтанæн
Æмæ иу чызг – Фатъимæт.
Тасолтан адзалы рынчын куы фæци –
Æмæ йæ авд лæппумæ фæсидти,
Æмæ сын бафæдзæхста:
– Чи зоны, уæ хойы уын курæг куы фæуа,
Уæд æй ратдзыстут ахæм лæгæн,
Ногъайы быдырæй фондзыссæдз бæхы
Æд сæргътæ, æд идæттæй чи скæна!
Фыццаг бар ратдзыстут Кæсæгæн,
Дыккаг бар ратдзыстут цæцæн-мæхъæлæн,
Æртыккаг бар та ратдзыстут Дыгурæн.

Сæ хойы дæттын фæнд скодтой:
Бар радтой кæсæгæн, –
Ничи бахаста йæ ныфс.
Дыккаг бар радтой цæцæн-мæхъæлæн,
Æмæ уыдонæй дæр нæ разынд ахæм лæг.
Æртыккаг бар радтой – дыгурæн.
Стыр Дыгур æрæмбырд сты
Мадзаскæйы лæгъз быдырмæ.
Æмæ та Стыр Дыгуры фæсивæдæй дæр йæ ныфс
Ничи хаста.
Фæлæ Хæмыцаты гыццыл Хæмыц,
Сæмпæрчъи, лæузæнгой, гыццыл Хæмыц фæхъæр кодта:
– Æз цæуын, æрбакæндзынæн!
Æмæ йыл адæм худын райдыдтой.
Цы, дам, бакæндзынæ, гыццыл Хæмыц,
Сæмпæрчъи, лæузæнгой?
Йæ бæхыл саргъ авæрдта
Хæмыцаты гыццыл Хæмыц,
Стыр Ногъайы быдырмæ афардæг.
Æртæ 'мæ фондзыссæдз бæхы йæ разæй скодта æд
Сæргътæ, æд идæттæй.
Райсомæй раджы бахоста Тасолтанты кæртмæ æмæ сæм дзуры:
– Нымайгæ кæнут.
Æмæ уыдысты æртæ 'мæ фондзыссæдз бæхы.
Тасолтантæ дзурынц Хæмыцаты гыццыл Хæмыцмæ:
– Мах фондзыссæдз куы загътам,
Æртæ та ма дзы цæмæн ис?
Æмæ сын дзуапп радта
Хæмыцаты чысыл Хæмыц:
– Дыууæ бæхы, хистæр æфсымæртæн, иу бæх та –
Мадыфсымæрæн.
Тасолтанты рæсугъды ахаста.
Цардысты Уодолайы,
Фæлмæн базтыл бадтысты Хæмыцаты гыццыл
Хæмыц æмæ Тасолтанты хъал Фатъимæт.
Адæмы цæст ын æй нæ уарзта:
Дзых хæссын райдыдтой
Тасолтанты авд æфсымæрмæ,
Уæ иунæг хойы уын фаджысхæссæг скодтой.
Авд æфсымæры ацыдысты Уодоламæ,
Фæлмæн базтыл бадгæ баййæфтой
Сæ иунæг хо Фатъимæты.
– Уæд Хæмыц кæм ис? – бафарстой сæ хойы.
Æмæ сын загъта:
– Стыр Дыгурмæ ацыди.
Йæ размæ бабадтысты.
Стыр Дыгуры Уодолайы раз æй амардтой, –
Сæ иунæг хойы ракодтой.

Радзырдта йæ Гатциты Осмæн, 64-аздзыд, 30 июнь, 1975 аз.
Ныффыстой йæ Фидараты Ю. æмæ Фидараты Т., 1975 аз.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru