Главная > Хицæн кадджытæ > Æфхæрдты Хæсанæйы кадæг

Æфхæрдты Хæсанæйы кадæг


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
     Æфхæрдты Госæма рæсугъд чызг уыд. Куырдта йæ Мулдарты Хъуыдайнат, хъæздыг лæг. Уыдис ын лæппу. Уымæн дзырдта, кæй йын амардтой йæ фыд Солæманы æлдæрттæ. Госæма дардта сау йæ лæгыл æмæ афтæмæй цард. Иухатт сæм æрбадзырдæуыд:
     – Ралас, рæсугъд Госæма, дæ саутæ, срæвдз кæн дæ хуыссæн, дæ сывæллон æрæвæр фæсдуар.
     Æрцæттæ кодта Госæма хуыссæн, бавæрдта йæ быны хъама, ныццавта дзы Мулдарты Хъуыдайнаты. Афтæмæй агæпп ласта. Райста йæ сывæллоны æмæ ралыгъдис Куырттаты коммæ. Скодта йæхицæн сугтæй æмæ къæцæлтæй мусонг. Йæ лæппу куы фестырдæр, уæд ын-иу дзырдта, цæмæй-иу сиса йæ маст уыцы Хъуыдайнатæй. Ныр Хæсанæ схъомыл, цуан кæнын райдыдта. Æмбисонд æрцыд Хæсанæйыл: арвы дуар байгом, уырдыгæй йæм æрдзырдта Уастырджи:
     – О мæгуыр иунæг лæг, æфсымæр кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны. Дæлæ та дын дæ фыды марджытæ дæ зæронд мадмæ куы бацыдысты, карк дæм нал ныууагътой, дæ рæхыс дын рафтыдтой, бырæттæм æй раппæрстой, дæ зæронд мады дзыккутæ дын ныттыдтой. Ныр та дын дæхицæн дæр дæ фæд-фæд куы ссæуынц. Чи райсдзæн дæ фæстæ дæ иунæг сæры туг, æфсымæр кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны?
     Хæсанæ йæ рон æрбалвæста, йæ фыды æхсаргард пецы сæр адауы, хъримаг сæргъæвы, уалынмæ йæм схæццæ йæ фыды марæг Хъуыдайнат. Хъуыдайнат æм топп фæцаразы, фæлæ фæмæнг вæййы.
     – Ай дын мæ фыды туг, ай дын мæ мады туг.
     Топпы цæф – йæ риуæн, карды цæф – йæ сæрæн. Афтæмæй Мулдарты фæсивæды ныццагъта. Æрбацыд йæ зæронд мадмæ. Къонайыл бады, йæ цæстысыг калы, афтæмæй йæ фыртмæ дзуры:
     – О, тугæй сæ фæкалай ме 'хсыры цъыртт! Абон та мæм куы уыдысты дæ фыды марджытæ, уæд кæм хæтыс ды та?
     Уæд Хæсанæ афтæ зæгъы:
     – Нана, æлгъитын æгъгъæд у, тугæй сæ фæкалдтон дæ риуы 'хсыртæ, дæу куы баныгæнон, уæддæр мæ не сты рох мæ фыды марджытæ. Æз афæлдæхтон фараст адæймаджы мæ фыды марджытæй.
     Зæронд Госæма ауад къуыбырмæ, акаст уырдыгæй æмæ федта Мулдарты фæсивæд мардæй. Госæма уый куы федта, уæд йæ дзыхы дзаг ныххудти.
     Амæлын дæр зын у, фæлæ фæсивæд куы скодта Хæсанæйыл зарæг.

Радзырдта йæ Таутиаты Дрис, 92-аздзыд, 18 ноябрь, 1975 аз, Даргъ-Къох. Ныффыста йæ Санаты Ритæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru