Главная > Историон таурæгътæ > Оси-Бæгъатири æмбисонд

Оси-Бæгъатири æмбисонд


15 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Оси-Бæгъатыр уыд тыхджын лæг. Йæ фыды ном хуынд Худан.
    Оси-Бæгъатыр цардис Нузалы хъæуы фале, фидары. Йæ ус уыд гуырдзиаг, Глуры хъæуы цæрæг къниазы чызг.
    Оси-Бæгъатырæн цот рацыди: Цæразон, Сидæмон, Цъæхил.
    Цæразонæн цот рацыд, Бады, Нузалы, Къорайы, Нæзыджыны, Цмийы æмæ Зæрæмæджы хъæуты чи цæры, уыдон.
    Сидæмонæн та цот рацыд Æрхоны, Дæйыхъæуы, Цъусы, Луары, Уналы, Сæхæккаты, Кысурты, Цъамады, Хидыхъусы, Зынцъары хъæуты, стæй ма Куырттаты комы æртæ хъæуы цæрæг адæмтæ.
    Цъæхилæн цот рацыд Донысæр, Урсдон æмæ Дагомы хъæуы цæрджытæ. Оси-Бæгъатыр хъахъхъæдта комы цæрæг адæмы æппæт знæгтæй дæр. Кæд-иу комы знаг æрбацæйцыд, уæд-иу Оси-Бæгъатыр йæ дыууæ сæдæ фистæг æфсæддонимæ знæгты ныхмæ фæфæдис æмæ-иу семæ хæцынтæ самадта.
    Иухатт Оси-Бæгъатыр фæдисы ацыд Куырттаты коммæ. Йе 'рцыдмæ йын йæ усы 'фсымæр йæ усы сæхимæ, Гуырдзымæ ахуыдта. Хъыг ын уыдис ацы хабар Оси-Бæгъатырæн. Йæ хæдзары къулыл ссардта гуырдзиаг æвзагæй фыст: «Тых мыл æрцыд, мæ сæрыхицау, ме 'фсымæр мæ тыххæй хоны Гуырдзымæ».
    Оси-Бæгъатыр уыцы минут дыууæфондзыссæдз æфсæддонимæ фæраст ис Глуры хъæумæ йæ усы фæдыл.
    Уыцы рæстæг Оси-Бæгъатыры ус йе 'фсымæримæ бадт фидары. Кæсы ус, æмæ йæ лæг дыууæфондзыссæдз æфсæддонимæ æрбацæуы. Æмæ уыциу хъæр фæкодта:
    — Уæртæ нæм Оси-Бæгъатыр æрбацæуы! – Йе 'фсымæрмæ дзуры: — Дæ ныфс цæмæй хæссыс де сиахсимæ схæцынмæ?
    Æфсымæр ын загъта:
    — Æз де уазæг, мæ уарзон хо, кæд ма дæ мæ цæрын фæнды, уæд мын бацамон, Оси-Бæгъатыры мард цæмæй уыдзæн.
    Ус ын афтæ зæгъы:
    — Оси-Бæгъатырыл ис згъæр, æмæ дзы нæ хизы топпы нæмыг. Фæлæ кæс, æмæ йæ ехс куы фæхъил кæна, уæд ын-иу йæ дæларммæ хъав. Дæларм куы нæ сæмбæла дæ нæмыг, уæд нæ дыууæ дæр æд æфсæдтæ уыдзыстæм мард.
    Оси-Бæгъатыры усы 'фсымæр амардта Оси-Бæгъатыры, йе 'фсæдтæ та йын Гуырдзыстонмæ арвыста.
    Абон дæр ма, уыцы ахст лæгты мыггæгтæй цы бирæ цот рацыди, уыдон цæрынц Гуырдзыстоны æмæ сгуырдзиæгтæ сты.

Радзырдта йæ Черчесты Джеорджи Знайы фырт, 95-аздзыд, 23 июль, 1932 аз, Цъамад. Ныффыста йæ Цæллагты Муссæ.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 23-1, папкæ 15, ф. 70–72.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru