Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъайи фурти зар

Хъайи фурти зар


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Гезей цардæй Гогона Ахалбеда-æлдар;
Устур Дигорæбæл хъалон дардта;
Кизгæ, лæхъуæни дзæбæх сæмæ нæ уагъта.
Æрæгиау Хъайи фурт Гегки ку рантæстæй,
Уæд имæ гъулæг кæсун райдæдта.
Æстур Дигори æрæмбурд кæнидæ
Сæ уæлæфтауæ кæрцити хæтдзæ,
Сæ бæрзæ лæдзгути хæтдзæ.
Сæ унафтæ нæ рæвдзæ кодтонцæ.
Загъта: Цидæр æй, уæддæр сау халон
Уæрццæ нæ ахæссуй,
Уæздæнттæй нæ хæтдзæ ку нæ уа,
Уæд неци искæндзинан.
– Мадта си кæци муггагæй баагорæн?
– Туйгъантæй лæг баагорианæ,
Фалæ синдзæ зæрæ æма бæмпæг цъух æнцæ,
'Ма нин сæ бæрæг нæ базонун кæндзæнæнцæ.
Хъубадтæй лæг баагорианæ,
Æма йетæ ба хахур силау силæвзаг æнцæ.
Æма нæ рауæйæ кæндзæнæнцæ.
Зураптæй лæг баагорианæ,
Фалæ нин уонæй лæг дæр не cбæздзæнæй:
Хæрессаг галау бæзгин лæбæз æнцæ.
Хъантемуртæмæ бæргæ хонунцæ
Иналухъи фурт, фал нæуæг уосхунд æй,
Æндæр ба дзæбæх лæхъуæн æй.
Уайунтæ ма байдайуй Хъайи фурт Гегки.
Æ фидæмæ ин бадзоруй.
Æ уат ин байамонуй.
Баимæдзоруй.
Æ хабæрттæ ин æрдзоруй.
Раимæдзоруй:
Бундзарæй* рæвдзæ нæ дæн,
Æндæра фæццæуинæ. –
Æ фидæмæ ин бадзоруй.
Æрагæпп ласуй æ фидæ Иналухъ:
– Гъæйдт, битдзеу, уоси фарс
Æма арти фарс ласагæ 'нцæ,
Ходуйнаг ку хæссис!
Æрагæпп ласуй лæхъуæн.
Цæунтæ байдайунцæ.
Цихцили лæгæтмæ бацæунцæ.
Гогона-æлдар зонæнгин адтæй.
Æ фунæй сæ фæууинуй.
Сæумæ мæсуги сæрггагмæ исхезуй;
Кæсæнцæститæй гъæуай кæнун байдайуй,
Æрæгиау сæ Цихцили лæгæти æруинуй.
– Марауагътæ, мæ кизгуттæ,
Мæ хъæрæймаг æрдаветæ! –
Дзоруй сæмæ: – Саг уин рамарон, бабай кизгуттæ,
Æви уин саги æууæз хуы рамарон?
– Саг бал нин рамарæ, баба,
Хуы ба нин кумæ ледздзæнæй? –
Хъантемури-фурти фехсуй.
Цихцили лæгæти 'й рабæкъуæл кæнуй.
Хъайи фурт Гегки уайунтæ байдайуй
Уæллагкомбæл, Дигори кæмттæбæл
Гъæргæнгæ:
– Гезей цæрæг Гогона Ахалбеда-æлдари
Рамардтан;
Мулкбæл хæлæф кæнунмæ æрауайтæ!
Донифæрстæбæл, Устур Дигорæбæл,
Гъæргæнгæ,
Мулкуарзон адæм ниххæррæт кæнунцæ,
Бацæунцæ.
Хъантемури-фурти марди сæргъи сæ æрсадзуй,
Загъта син:
– Æз цæун, æма йимæ рæхистæй баст егæрттæ йес,
'Ма мæ йетæ гæни дзæхæрамæ кæд бауадзонцæ,
Уæд, Хуцау ке зæгъа, е уодзæнæй.
Фиццаг топпи гъæри фæсте,
Æзнагæн дæтдзæнæн дууæ топпи гъæри,
'Ма мулкбæл хæлæф кæнунмæ æрцæудзинайтæ.
Кæд мæ нæ бауадзонцæ гæни дзæхæрамæ,
Уæдта уæхе ма фесафетæ
Ма Хъантемури-фурти мард хæсдзинайтæ.
Æ фазæбæл бурунтæ байдайуй;
Гæни дзæхæрамæ баййервæзуй.
Сæумæрагиау Гогона Ахалбеда-æлдар
Хъувгъани хæццæ æрацæуй.
Е дæр æй хъæрæймагæй фехсуй;
Æрæй бæкъуæл кæнуй.
Æ рахес цонг ин æдмухур
Æрбалух кæнуй.
Дууæ топпи гъæри æзнаг раттуй æмбалтæмæ.
Мулкуарзон адæм син æ циййесбæл
Ниххæлæф кæнунцæ.
Уалæнмæ Хъантемури-фурти мард
Æрахæссунцæ.
Къæрæугоммæ рахъæртунцæ.
Дзорунцæ уоми:
– Хъантемуртæн сæ мард зæгъун
Ка бандеудзæнæй? –
Хъайи фурт Гегки фæннæхстæруй,
Æрахъæртуй, æз син æй бандеудзæнæн, зæгъгæ.
Хъантемуртæмæ Гогонай цонгæй
Æ сæр хуайгæ бацæуй.
Хъантемурти Иналухъ
Æ гъæлæсидзаг уæд нихходуй:
– Æгæйтима æгади мард нæ ракодта!
Хисти бæсти йин кувд кæнун гъæуй.
Æ йеунæг лæхъуæнæн хисти бæсти кувд искодта,
Йеци бонæй аци бонмæ Устур Дигорæй
Хъалон ист нæбал æрцудæй.
Рама игурæд нæ Дигори муггагмæ
Хъайти фурти хузæнттæ!

ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 122, папкæ 92, ф. 95–98.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru