Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъантемурти Хъарадзауи зар (вариант)

Хъантемурти Хъарадзауи зар (вариант)


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Дигори хонхæй уорссæр цæргæс ратахтæй,
Гурдзий хонхбæл бабадтæй.
Мерети лигъз будури ниббадтæй,
Рохс дзенети фæббадуйнаг!
Уорс цæргæс н' адтæй,
Хъантемурти бæгъатæр хуарз Хъарадзау бæргæ адтæй!
Æхе бæхтæ аласатæ:
– Æз ку 'ссердтайнæ
Дзапарати даргъ бохъурти Мерети лигъз будури,
Никкодтайнæ сæ
Фæстагонтæн дессæгтæ 'ма тамасатæ.
Хъарадзауæн æ фиццаг цæф сæ тугурбæл,
Уой фæсте ба сæ сау рæхисбæл.

Радзырдта йæ Хъубадти Елхъан Хъуырманы фырт, 14 февралы, 1926 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, папкæ 13, ф.80.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru