Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Дзаниухъи зар

Дзаниухъи зар


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Цæугæ ку кæнæн, цæугæ, цæугæ æма
Мах фæндараст фæууодзинан,
Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ,
Уæрайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз.
Цæрæконæн ба дууæ кизги ку адтæй,
Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ,
Уарайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз!
Дууæ кизги ба киндзи цудæнцæ,
Уасгерги, Нигкола сæ киндзæ 'мбалтæ,
Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ,
Уарайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз!
Цæрæконбæл æхсæвæй-æхсæвæмæ
Ку цудæй сæдæ сæдæ хуарзи,
Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ,
Уарæйдæ-ра, уæй, фæсте хуарз!
Бонæй-бонмæ ба имæ
Уæд цудæй сæдæ саги,
Гъæйдт, уарæйда, уæрайдæ,
Уарайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз!
Цæрæки коми истур тугъд ку адтæй.
Истур тугъди бони Хъубадти Дзаниухъæн,
Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ,
Уарæйдæ-ра, уæй, фæсте хуарз!
Æ цубур цонгæн æ сау хъандзал
Æфтауæн ку адтæй,
Гъайдт, уарайда, уæрайдæ,
Уарайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз!

Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 18 декабрь, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурты Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, папка 13, с. 53

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru