Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Дзаниухъти минги Дзаниухъи зар*

Дзаниухъти минги Дзаниухъи зар*


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Уæ, Пахсани сæри истур гъæди над искодта,
Æ йеунæг æмбалæн ба
Сугъдæг дзæбодури ургтæй уаргъ искодта;
Æ цубур цонгæн æ даргъ кард** æнхорсæн,
Уотемæй æ муггагæн кадæ искодта,
Æ фæстагонтæн ба загъд искодта.
Дзаниухъти минги Дзаниухъ е ку адтæй.

*Дзаниухътæ Хъубадтæй æнцæ. Æхуæдæг мæнгæй лæг адтæй. - (Кадёггёнёджы фиппаинаг).
**По словам Татаркана, шашка эта была у Тугановых. При дележке досталась Беслану Тагунову, старшему брату Татаркана, а он передал ее младшему брату Смали Тагунову, который потерял ее. (Дзагурти Г.)

Радзырдта йæ Туйгъанты Тæтæрхъан, 6 февраль, 1921 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, папкæ 13, с.143.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru