Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Тургити Тъохи зар

Тургити Тъохи зар


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Уайдт, æма гъай, Дзæрæстей хъазах
Истур тугъди бони, гъейдт, æма,
Цæугæ ку кодтонцæ.
Гъей-гъай, сæ рæсугъд киндзитæ уонæн,
Гъей, сæ фæсте кæугæ ку кодтонцæ.

Уайтæ, уайтæ, уæрайдæ-ра, гъей!
Уæйдт æма, Терки къохæй гæггок бауаста,
Дзæрæстей мæгур хъазахæн,
Гъайтæ, гъæйдт, бæхи уæраги сæрмæ
Гæрæмони будури сæ тог баласта.
Гъæйдт уæрæйдæ, уæрæйда-ра гъей!
Уæйдт, æма гъай, Терки цауæни хаттæй, зæгъуй,
Еци тугъди бони
Тургити минги Тъохæн сугъзæринæ рехæ адтæй.
Уæйдт æма гъай, Гæрæмони будури
Теркæй къох адтæй,
Еци истур тугъди бони
Æгас дзиллæн дæр æма муггагæн дæр
Ном ка скодта,
Е Тургити минги Тъох адтæй.*

Æхе бæх арси каст кодта,
Еци тугъди бони Тургити Тъохæн
Æхе сау хъандзал кард алци дæр
Наси карст кодта
Уæрайдæ-ра, уа-гъай, дæ-ра,
Гъæйдт, уæрайдæ ра, гъай-гъай.

Радзырдта йæ Хъубадти Елхъан, 14 ноябры, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурты Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, папкæ 13, ф. 39.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru