Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Къарджиаты фаззæтты зарæг (Манкъар æмæ Хъуыдæберд)

Къарджиаты фаззæтты зарæг (Манкъар æмæ Хъуыдæберд)


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Ой, тох æрцыд, хæсты тох, лæппутæ,
Ой, Къарджиаты хъæбатыр фаззæттæ.
Ой, тох, мæнæ, лæджы тох, хъæбатыр фаззæттæ,
Хъæдгæсы будкæтæ хъæдæнгом талатæй.
Ой, мардзæ, Манкъар бадзуры:
– Нæ туг райсын хъæуы фæтæнком хъаматæй.
Гъæйтт-мардзæ, хъæбатыр фаззæттæ.
Фиу, дам, нын насджынæн,
Гусаты гыццыл Хъауырбег бадзуры:
– Тæрсгæ ма кæнут, æз уæм сæ иугай ласдзынæн.
Фæрвы кæрон мын дыууæ сау бæлоны.
Къарджиаты Дæдамæ æрбацæуы дыууæ сау уæрдоны.
Алидзаты Зауырбегмæ галтæ ракæнут.
Къарджиаты фаззæттæ бадзурынц:
– Нæ хорз хъæубæстæ, Гусаты Хъауырбегæн арфæ ракæнут.
Гæбæсты Хасан сын, зæгъы, сæ туг райсын кодта.
Маладец, хорз Хъауырбег, хорз æххуыс нын бакодтай,
Нæ хæсты заманы нын нæ туг райсын кодтай.

Хæрзбон раут, не 'фсымæртæ, мах ницæйы фæндагыл араст стæм.
Къорайы сын, зæгъы, цæгаты гогызтæ,
Æмæ каркдарæн бæстæ.
Нæ хистæр æфсымæр Саукуыдз, раттын нæ хъæуы
Нæ карды хотыхтæ æмæ нæ марæн гæрзтæ.

Радзырдтой йæ Мырзаганты Уане æмæ Мырзаганты Тымыгъ. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт, 1938 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф.12.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru