Главная > Нарты кадджытæ > Нарти Наширан

Нарти Наширан


26 августа 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарти Наширан адтæй осæ, лæги дарæсти. Дуйнебæл хæтун байдæдта æма, омæн æфсæддонæн ка нæ рацудæй, охæн нæййес. Авд сабати сæ авд æмбурди æркодта. Е 'фсæдтæн сæ нимæдзæ ка сширдтайдæ, омæ сæ барæ лæвардта. Кастæй алли сахат дæр æма си алли адæмæй дæр уидта йе 'фсади, фал дзи Ацæтæй неке адтæй. Бæрæг кæнунмæ сæмæ сцудæй, басæмæгъæр кодта, еу зæронд осæ имæ ракастæй:
    – Ци кæнæн, мæ хор, махæй раздæр дин ка фæццудайдæ æфсæдти, фал Ацæтæй еу змæлæг нæбал ес. Еу сувæллон сæмæ сæнтæстæй, е дæр гъазунгъом фæцæй, бæхбæл рабадтæй æма кумæдæр рандæй.
    Рацудæй Нарти Наширан. Кæсуй: еу бæхбæл еу лæхъуæн гъазуй, – еуæрдæмæ кæсгон хуми дæргъцæ рагъазуй, иннердæмæ дæр уотæ. Фæстаг хатт Нарти Наширанмæ æхе ниййаразуй æма ин «бонхуарз» зæгъуй.
    – Кæмæй дæ?
    – Æз дæн Ацæтæй, æрæгиау ка рантæстæй, еци Ацæмæз.
    – Мæ адæмтæ дæу ку хезунцæ, – зæгъуй Наширан.
    Æ хæтдзæ рацæуй Ацæмæз, е 'фсæдтæ ин банимайуй: финддæс мини, сæ уæлдай ба – æртæ сæди.
    Цæунцæ нур денгизи билæбæл цæрæг Гуцмаз-æлдармæ. Дон сæ ласуй радугай. Ацæмæз æхе сæ дæллаг фæрсти фæккæнуй æма сæ ахæста радугай.
    Денгизи ордæг сæ æртумугъ кодта,
    Загъта син:
    – Нур бал ами лæууетæ,
    Æз ба, мæ бон ка уа, ой бакæндзæнæн.
    Бацæуй бæхæргъæуттæмæ, расæтæруй.
    Гуцмаз-æлдармæ фæдес фæккæнунцæ.
    Райæййафуй, бон-изæрмæ фæттухтæнцæ,
    Уæдта ин зæгъуй Гуцмаз-æлдар:
    – Сæумæ ма, кæд лæг дæ, – уæд мæмæ фæккæсæ:
    Сæумæ бабæй тохдзинан. –
    Гуцмаз-æлдарæн адтæй охæн шилгоймаг,
    Æма ин æ цæфтæ сдзæбæх кæнидæ.
    Сæумæ бабæй тохунцæ бон-изæрмæ.
    Изæри зæгъуй Гуцмаз-æлдар:
    – Сæумæ мæмæ фæккæсæ. –
    Рандæуй.
    Æ бæх зæгъуй Ацæмæзæн: – Йарæби,
    Ци 'нæзунд дæ! Амæн æ осæ охæн хуарз осæ 'й,
    Æмæ 'й æхсæвæ æ цæфтæй сдзæбæх кæнуй,
    Дæу ба исон рамардзæнæй, еу амал
    Ку нæ бакæнай, уæд. Дæхе марди хузæн
    Ниййаразæ, тургъæмæ дæ е бæхи думæгбæл
    Бастæй фæлласдзæнæй. Оми дæбæл
    Адæм æмбурдтæ кæндзæнæнцæ
    Æма зæгъдзæнæнцæ: «Гъе уæууæй, Гуцмаз-æлдар,
    Æртæ бони фæттухтæ аци сувæллони хæтдзæ».
    Дзатмабæл дæ æрæвæрдзæнæй. Æхсæвæ ниххусдзæнæй
    Гуцмаз-æлдар. Цалдæнмæ цæхæртæ
    Хаун байдайа æ гъæлæсæй,
    Уалдæнмæ ма фестæ, – уæдта имæ
    Бацо 'ма 'й рамарæ!
    Бæх куд загъта, отæ æрцудæй гъуддаг.
    Æхсæвæ еу афони Ацæмæз, фестон, загъта
    Æма фезмалдæй, медаваремæ 'й балæдæрдтæй
    Гуцмаз-æлдар, рацудæй, æма бабæй
    Марди хузæн ниййаразта æхе Ацæмæз.
    Фæллæудтæй Гуцмаз-æлдар æ сæргъи,
    Уæдта бабæй медæмæ бацудæй,
    Æ хур-хур сервастæй.
    Уæдта æхшедæфтæ хаун байдæдта
    Æ гъæлæсæй. Фестадæй Ацæмæз æма 'й рамардта.
    Осæ ка 'дтæй, е ой бацæй.
    Осæн загъта:
    – Исмæдзæбæх кæнæ! –
    Е дæр æй дзæбæх кодта.
    Фæстæмæ раздахтæй.
    Наширани 'фсæдтæ денгизи баиста.
    Ой фæсте Наширан æ дарæстæ рагæлста
    Æма загъта:
    – Æз абони уæнгæ лæги хузæнæй
    Фæццардтæн, лæги цæстæй мæмæ кастæнцæ,
    Нур ба мæхе дæуæн аккаг кæнун, –
    Ацæти Ацæмæз. –
    Отемæй Ацæмæз дууæ ошей хæтдзæ
    Цæрун байдæдта.
    Æфсæдтæ фæххæлеу æнцæ.
    Нæртон адæми астæу
    Ацæтæ сæ райдайæнæй сæ байдауæни
    Тухгиндæр ссæнцæ.
    
    
Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег. Йæ радзурæг бæрæг нæу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 13, папкæ 6, ф. 67–69.

    
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

    
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru