Главная > Нарты кадджытæ > Бæгæны куыд фæзындис

Бæгæны куыд фæзындис


17 марта 2010. Разместил: 00mN1ck
     Уырызмæг хъæды уыдис æмæ сырддонцъиумæ фæкомкоммæ. Сырд¬донцъиу, мæнæ хуымæллæгæй гага не 'рызгъæлы, уыдонæй æртæ гагайы ахордта æмæ зæхмæ æрхауди. Цъиу мæлгæ нæ акодта, фæлæ ратул-батул кодта. Уырызмæг сæхимæ куы 'рцыд, уæд Сатанайæн ра¬дзырдта, сырддонцъиу, мæцкъорæй цы гагатæ æрызгъæлд, уыдонæй фæрасыг, зæгъгæ.
     Сатана йын афтæ зæгъы:
     – Æрхæсс дзы, нæ лæг, мæн хъæуы гъеуымæй, æмæ дзы куыд æрхæссай, афтæ.
      Æмæ дзы æрхаста, æндæр цы уыд.
     Хорæй къуымæл сфыхта æмæ йын хуымæллæгæй æнтуан скодта. Æмæ къуымæлæй тынг расыг кодтой.
     Сатана фæстæдæр бæгæны æрхъуыды кодта æмæ хуымæллæгæй бæгæны кæнын байдыдта.
     Уæдæй фæстæмæ бæгæны кæнынц.

Радзырдта йæ Дулаты Елдзарыхъо, 117-аздзыд, 10 февраль, 1941 аз, Лæц. Ныффыста йæ Брытъиаты Созырыхъо.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 325–326.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru