Главная > Нарты кадджытæ > Дæ тын дæ къух ссардта

Дæ тын дæ къух ссардта


13 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарты Сырдон иу лæгæй фæхæсджын, тын хæсджын. Мæгуыркъух лæг уыди Нарты Сырдон. Уыцы цыд æм кодта хæсдæттæг, фæлæ-иу фæстæмæ аздæхт афтидæй. Сырдонæй йæ къухы йæ хæс нал æфтыд æмæ нал. Æдзух ын æмгъуыдтæ, æфсæнттæ кодта.
    Иу æмгъуыдмæ та хæсдæттæг фæзынд Сырдоны хæдзармæ.
    – Гъе, Сырдон, уым нæ дæ?
    – Сырдон ам нæй, – радзырдтой хæдзарæй.
    – Кæм ис?
    – Дæлæ хъæугæрон къанау къахы.
    Хæсдæттæг араст хъæугæронмæ.
    – Байрйай, Сырдон!
    – Æгас æрцу!
    – Сырдон, мæ тын мын. Бирæ æмгъуыдтæ, бирæ æфсæнттæ мын фæкодтай, бафидын афон бæргæ у, – уый зон, цæсгом дæр дзы хъæуы.
    – У, дæ хорзæхæй, кой дæр æй мауал кæн, нæ уыныс, æз дæр мæнæ дæ хъуыддаг кæнын.
    – Куыд мæ хъуыддаг кæныс? Кæсын дæм æмæ дæ разы къанау куы къахыс.
    – Куыд æнæмбаргæ фæдæ! Къанау цæхгæрмæ скъахдзынæн, дон æм рауадздзынæн, уалдзæг ацæудзынæн, сындз æркъахдзынæн æмæ йæ къанауы былтыл ныссадздзынæн. Фос хохмæ цæугæйæ, хæхтæй здæхгæйæ сæхи сындзыл хафдзысты, сæ фист, сæ хъуын сындзыл баззайдзæн. Уыцы фист, уыцы къуымбил æз æрæмбырд кæндзынæн, тын бауафдзынæн æмæ дын дæ хæс бафиддзынæн.
    – Ха-ха-ха, – хæсдæттæг ныххудт йæ дзыхыдзаг.
    – Цæуылнæ худай, – загъта Сырдон, – дæ тын дæ къух ссардта.
    Уыйадыл хæсдæттæг афардæг йæ хæдзармæ, уæдæ цы уыдаид. Сырдон ма абон дæр сындз садзы йæ къанауы.

Йæ радзурæг бæрæг нæу. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко, 6 май, 1927 аз, Алагир.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 217.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru