Главная > Нарты кадджытæ > Сырдоны тыххæй

Сырдоны тыххæй


13 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Хъæуы ныхасы бадтысты адæм æмæ сæ иу Сырдонæн йæ худ аскъæфтой. Худ чи аскъæфта, уый лыгъд иуырдæм, Сырдон та – уæлмæрдтырдæм. Уæд æм адæм дзурынц:
    – Гъе Сырдон, дæ худ дын уæлæ иннæрдæм куы фæхæссы, уæд ды та чердæм цæуыс?
    – Ауадз æй, уæлмæрдтæм æй хъæуы.

Радзырдта йæ Куыдзойты Бæбу, 90-аздзыд, Дзæгъиппарз. Ныффыста йæ Наниты Васо, 5 февраль, 1941 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 248.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru