Главная > Нарты кадджытæ > Батрази райгурæн (вариант)

Батрази райгурæн (вариант)


25 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Бецентæй уосæ ракоруй Нарти Хæмиц.
Бецентæ йин зæгъунцæ:
– Мах ан хæстмаст, цубурхъур, цубур муггаг:
Нæ бæрзæндæ – дууæ удзести,
Уæрхæмæ ан уомæй минкъи гъæуаггин.
Махæн нæ тухæ, нæ лæгигъæдæ
Æвзурст æй. Нур дин ку раттæн
Нæ рæсугъд хуæри, уæд дин сбæздзæнæй
Одæмбалæн, дарун æй кæд базонай.
Фал йин æ зæрдæ йестæбæл ку фæхходун кæнай,
Уæд, нæ фегъустон ма зæгъæ:
Дæ хæтдзæ нæбал ниллæудзæнæй. –
Йæ дзиппи'й ниввæруй Хæмиц,
Йеу бон æй Нарти кувдмæ рахæссуй.
Стур Нарт рæнгъитæй бадунцæ
Даргъ фингитæбæл æма ниуазунцæ.
Хæмици æрбадун кæнунцæ;
Йе дæр хуæруй, ниуазуй æма
Хуæруйнагæй æ дзиппæн хай кæнуй,
Куд неке 'й фæййина, уотæ.
Уæд Гæтæги фурт Ширдон уой æртергади кæнуй.
Нартæн сæ тъасхитæ бæрæг кæнуни бæрцæ
Æ уод дæр нæ уарзта, сæ аййеп шин не 'ронх кодта.
Ечи бон адтæй Ширдон урдугистæг.
Барæй æхе ниуазæндæттæг ракæнуй,
Æма Хæмици думæггæгтæбæл æрхæтуй,
Шилæстæги цъæхахст æваст фæццæуй.
Низгули унцæ Стур Нарт.
Ширдон ку зæгъуй:
– Гъе, уæууæй, Стур Нарт, маке уи байзайа!
Уæ оститæ уæ дзиппи хæссун байдæдтайтæ
Кувдмæ, уой уин ку фегъосонцæ адæм,
Уæд ой бæсти уи ку неке байзайа,
Уæд хуæздæр æй!
Адæми Хæмицмæ æркæсун кодта.
Хæмиц дæр ралигъдæй.
Ой фæсте загъта Хæмицæн æ осæ:
– Хуцау ши ма саражи уæд,
Мæнæн мæ сæрбæл кæми æрхадтæй Ширдон
Æма мæ ходуйнаг кæми фæккодта,
Оми мæнæн дæ хæтдзæ цæрæн нæбал йес.
Лæхъуæн мæ губуни фезмалдæй,
Фурт дин ниййирдтайнæ. Нур ба
Æз цæун мæ цæгатмæ, фал ма дин
Æз ке зæгъон, ой бакæнæ.
Æ дууæ они астæу ин
Нитту кодта æмæ ин загъта:
– Фараст мæйи уæнгæ'й багъæуай кæнæ
Къæртт кæнунæй, дæ онти астæу
Ка сзайа, йеци сункъæ.
Нийфу кæнуй æма рандæ уй æ цæгатмæ.
Йеци бонæй фæстæмæ æ дууæ они астæу
Хæмицæн рæсуйун байдайуй.
Йе 'мгъуд ку 'рцæуй, уæд ордæгæй рацæуй
Æ сæрæй æ бунмæ æндон болат Батраз.
Содзгæ артмæ багæпп ласуй,
Ордæгæй шиндзгун артмæ багæпп кодта,
Æцæг æндон уæд ку фестуй Хæмици фурт
Нарти Батраз.

Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег. Йæ радзурæг бæрæг нæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 13, папкæ 6, ф.70–71.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru