Главная > Нарты кадджытæ > Хæмыцы фырт Батырадз æмæ Деденæджы фырт Сарæхъцæу

Хæмыцы фырт Батырадз æмæ Деденæджы фырт Сарæхъцæу


25 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарты хъæуы, нæртон Уырызмæджы хæдзары, Æхсæртæгкаты зæронд хæдзары, цыдæртæ архайдта хæдзары æфсин Нарты Сатана.
    Къонайыл, дæлтъур арты фарсмæ бады иу лæппу бæгъæмзæнгæй æмæ къусбæрттæ кæны фæныкæй. Артмæ бадынæй сцъыхыры сты лæппуйы зæнгтæ.
    Чидæр æрбадзырдта кæрты дуарæй. Дзурынмæ рацыди Нарты Сатана:
    – Уазæг, æгас цу!
    – Зæрдырай фæу! Уæ лæгтæй ам ничи ис?
    – Нæй, фæлæ лæгты хæдзар ам ис; мидæмæ нæм рацу, фысым дын уыдзыстæм, хорз дæ фендзыстæм, кæд дæ фæнды – фæздæгджын сихорæй, кæд дæ фæнды – æвæздæг сихорæй.
    – Бахатыр кæн, хорз ус, арфæгонд у Хуыцауæй, æхсызгон мæ хъæуы Нарты Сослан.
    – Нæ лæгтæ хуынды сты фæснарт Хуыздзæгат Ацæтæм.
    – Хуыздзæгатмæ мын фæндаг чи ацамона, ахæм мын мемæ бафтау, бузныг дæ уыдзынæн, хорз ус.
    – Хæдзары нæ иу æнахъом саби йæ зæнгтæ арты фарсмæ дары, нæ зонын, истæмæн дын сахъаз уа. Ныртæккæ дæм æй рарвитдзынæн.
    Уазæджы дуармæ фæуагъта, хæдзармæ бацыд æмæ дзуры:
    – Уæлæмæ, стъæлды фæуай, кулдуармæ уазæг; уайгæ 'мæ йæ нæ лæгтæм фæснарт Хуыздзæгатмæ фæхон. Ацæты куывдмæ.
    Фæныкгуыз дæлтъурæй фестад, йæхи аивæзта æмæ уазæджы уæлхъус балæууыд. Араст сты Хуыздзæгатмæ, уазæг – бæхыл, фæныкгуыз – фистæгæй. Иудзæвгар куы ауадысты, уæд уазæг дзуры лæппумæ:
    – Лæппу, рауай мæ фæсарц æрбабад.
    Лæппу бакаст барæгмæ, барæджы бæхмæ æмæ загъта:
    – Уазæг, дæ бæх дыууæ чи ахæсса, ахæмы каст нæ кæны.
    – Гъæ, куыдзы хъæвдын, тагъд æрбахиз дын куы зæгъын, на мæ дæм мæнæ ацы ехсæй хорз базилдзынæн дæ зонаджы тыххæй!
    Лæппу балиуырдта барæджы фæсарцмæ, æмæ сæ фæндагыл дарддæр араст сты.
    Уалынмæ, сæ цыды кой кæнгæйæ, лæппу бæхы фæрсчытæ æрбалвæста йæ уæрджытæй. Бæх ныццудыдта æмæ ахст туджы фæзгъæртæ скалдта размæ.
    – Нæ дын загътон, дæ бæх, дыууæ чи ахæсса, ахæм нæу!
    – Гъæ, дæ бонæй уай, дæ бонæй, Хæмыцы фырт Батырадз!
    – Хорз цæрай, хорз Деденæджы фырт Сарæхъцæу, – æмæ лæппу барæджы фæсарцæй æргæпп кодта. Лæппу æмæ уазæгæн уый агъоммæ нæмттæ нæ уыди, æмæ уыцы ран сæ кæрæдзиуыл сæвæрдтой нæмттæ.
    Фæндагыл иу тæссармæ бахæццæ сты, фæлæ Сарæхъцæу æрлæууыди, йæ бæхæй æрхызти æмæ дзуры лæппумæ:
    – Нæ фæттæ фехсæм. Бавзар дæ фат, Батырадз, ды разæй.
    – Уазæджы разæй фатдонæй не сласдзынæн æз мæ фат.
    Сарæхъцæу фатдонæй систа йæ фат, систа йе 'рдын, асгæрста фат, æрдынбос. Куыд æмбæлд, афтæ æрбахæстытæ кодта æрдыныл æмæ йæ фат суагъта: фат фæндагыл кæмдæр æрхауди.
    Батырадз дæр фехста йæ фат. Фат Ацæты хæдзарæн йæ уæлкъæсæр (тарвазыл) ныссагъди. Банкъуысыди Ацæты зæронд хæдзар. Фынгтæй хæринæгтæ зæхмæ æркалдысты. Куывды бадджытæ кæрæдзимæ бакастысты фæрсæгау.
    – Уæ бынæттæй ма змæлут, хорз адæм! – сдзырдта Сослан, – уый нæ фыдуаджы фат у. Не 'рра æрбацæуы, не'рра!
    Чысыл фæстæдæр Деденæджы фырт Сарæхъцæу æмæ Хæмыцы фырт Батырадз дæр æрбахæццæ сты Ацæтæм. Сослан хæдзарæй тагъдгомау йæхи райста, «æгас цу» загъта уазæгæн (йе 'рдхордæн), стæй фездæхт Батырадзмæ æмæ йын йе 'хсæрфарс ныдздзæхст ласта.
    – Куыдзы хъæвдын! Уый дын æнахъомæй фатæвзарæггаг.
    Батырадз уыцы иу æхст йæхи фæкодта авд хохы сæрты, æмæ та сæ хæдзары фæнычы йæ къæхтæ аскъæрдта. Бады та фæныкгуыз къонайыл æмæ сæ фæныкæй къусбæрттæ кæны.

Радзырдта йæ Хапсæты Долæт Цæразоны фырт. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко, Æрыдон.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 31–18, папкæ 74, ф. 3.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru