Главная > Ирон æгъдæуттæ > САУЫ ДЗУАРЫ БОН ХОХЫ ХЪАХЪХЪÆДУРЫ

САУЫ ДЗУАРЫ БОН ХОХЫ ХЪАХЪХЪÆДУРЫ


8 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Уациллайы заман Хохы Хъахъхъæдуры вæййы Сауы дзуары куывд. Уыцы куывд фæкæнынц фысымæй. Хъуамæ фысым сцæт-тæ кæна бæгæны адæмæн сæхи зæдтæй, æмæ нæ бацауæрды, цæмæй хорз бæгæны уа, ууыл, уымæн æмæ йын адæм уæд арфæ ракæндзысты. Стæй Хохы Хъахъхъæдурæй хуыздæр бæгæны уæвгæ дæр никуы вæййы, уымæн æмæ бæгæны кæнынмæ дæсны сты. Ноджы сæ бæгæныйы хор дæр хорз вæййы — бурусаг хор (уыцы ранæй хуыздæр ирон хъæбæрхор никуы зайы).

Уыцы Сауы дзуары тыххæй скæнынц нывонд, галтыл хæлттæ æппарынц, афтæмæй. Кæй гал дзы нæма аргæвстой, уый галæн йæ хал куы схауа, уæд ын æнæ дæтгæ нæй. Куынæ йæ радта, уæд та йыл кæнынц хъæудзырд (хъоды). Уыцы хъодыйæ тæрсгæйæ, алчи дæр сразы вæййы йæ галыл, æмæ йæ аргæвдьшц куывды бон. Æцæг ын нысайнæгтæ раттынц, кæнæ хæдзарæн сом, науæд хæдзарæн дыууæ мæрты. Кæй гал аргæвдынц, уыдонæй бирæтæ иукъорд азты баззайынц æнæ галæй æмæ, мæгуыртæг, цæдисы галæй фæкусынц, уымæн æмæ мæгуыр лæгæн гал уайтагъд æнцон ссарæн нæ вæййы, уæлдайдæр та хохаг мæгуыр лæгæн.

Уыцы дзуары бон цы гал аргæвдынц, уый байуарынц хæдзаргай, æмæ дзы алы хæдзармæ дæр æрцæуы фыды хæйттæ. Йæ хуылфыдзаумæттæ, сæр æмæ рагъхъæд та, куывдмæ.цы адæм æрцæуы, уыдон бахæрынц.

Сауы дзуары куывдæй хæйттæ райсынц, быдырæй куывды чи бацæуы, уыдон дæр.

Хохы Хъахъхъæдуры Сауы дзуар у хæххон адæмы мæгуыргæнæг.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru