Главная > Ирон æгъдæуттæ > НОГГУЫРД

НОГГУЫРД


26 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Ирон адæммæ лæппу куы райгуыры, уæд йæ мад, йæ фыд, хæдзары бинонтæ æмæ суанг мыггаг дæр тынг фæцин кæнынц, фæлæ чызджы райгуырдыл та хъынцъым фæкæнынц. Афтæ кодтой раджы заманты, ранæй-рæтты ма афтæ фæкæнынц ныр дæр. Чызг-иу куы райгырдис, уæд кæмæн райгуырдаид, уый йæхи хуыдта æнамонд. Бинонтæ дæр-иу цæнкъард сты. Чызг ног чындзæн куы райгуырдаид, уæд-иу кæугæ чи фæкодта, ахæмтæ дæр уыдис, ома къодах йæ фыццаг цæфæй дæр бæрæг у, æнамонд дæн, уый йедтæмæ мын фыццаг гуырдæн чызг цæмæн райгуыр ди, зæгъгæ.

Чызджы райгуырд æнамонддзинад уымæн хуыдтой, æмæ чызг хæдзары хорз кусæгыл нымад нæ уыдис. Стæй æхсар дæттынæн дæр лæмæгъ уыд. Фыццаг заманы та адæм æхсарыл лæуд уыдысты. Иннæ ахæм, чызджытæ йеддæмæ лæппу кæмæн нæ уыд, уый хуыдтой æвæстаг, æмæ-иу йæ бынтæ уæрст æрцыды сты æфсымæртыл, кæннод та æрвадæлтыл дæр.

Чызджы райгуырд-иу хъыг уыдис сæ хæстæджытæн дæр æмæ сæ хæлæрттæн дæр, арфæтæ кодтой, ацы хатт та уын лæппу райгуырæд, зæгъгæ.

Ирон сылгоймаг-иу ардта скъæты, кæнæ холлагдоны. Хъæмпы уæлæ кæнæ хосы уæлæ-иу ын байтыдтой бинаг нымæт. Сыхы устытæ-иу ыл æрæмбырд сты æмæ йын-иу чи йæ сæрыл хæцыд, чи йæ синтыл, зын æвгъæд куы уыд, уæд. Алы гуымиры хостæ йын-иу кодтой, нымæты гæппæлтæ-иу хъарм. кодтой æмæ йыл уыдон равæр-бавæр кодтой. Кæд зынæй ардта æмæ хъæр кодтаид, уæд-иу райдыдтой къулыбадæг устытæ æмæ æндæр «дæсныты фæрсын, куыд уыдзæн нæ рынчын, зæгъгæ. Уыдон сын-иу фæцамыдтой, зæгъгæ, хæлттæ сæппарут уыцы дзуар æмæ уыцы дзуары номыл нывонды тыххæй, цæмæй йын баххуыс кæной прынчынæн. Уæд-иу чъиритæ скуывтой, нывондæгты дæр æрбакæнгæйæ. Райдыдтой-иу хæлттæ æппарын æмæ, кæцыйы хал схаудаид, уый снывоид кодтой, кæцы дзуарæн бацамыдтаид къулыбадæг ус, уыцы дзуарæн.

Аргæ чи фæкæны, уыцы ус, мæгуыр, тухæнтæ февзары æнæ дохтыры æххуысæй. Кæд дзæбæх баззайа æмæ ноггуырд разына лæппу, уæлдайдæр та фыццаг лæппу, уæд кæрæдзимæ хæрзæггурæггæгтæ цæуын байдайынц. Лæппуйы райгуырды хабар чи фехъусын кæны, уымæн лæвæрттæ фæдæттынц. Æндæр хъæумæ дæр ацæуынц хæрзæггурæггаг — мады æрвадæлтæм æмæ æндæр хæстæджытæм. Хæдзарæи уыцы сахат сæ бон цы вæййы, уымæй куывд ацаразынц, стæй кафт дæр. Кæд бирæ адæм æрæмбырд уа, уæд ыл хъуамæ ном дæр сæвæрой. Фæлæ фылдæр хатт хæдзар ууыл нæ фæразы кæнынц æмæ йæ æндæр бонмæ ныууадзынц.

Фос чи дара, ахæм хæдзарæн куы райгуыры лæппу, уæд сæ бинонтæй фыййау чи уа, уымæн дæр фыййæуттæ кусарт акæнын кæнынц, уæ фыййуæттыл иу бафтыд, зæгъгæ.

Ус æвгъæды фæбады уазал скъæты хъæмпытыл йæ сывæллонимæ. Æртæ-цыппар боны фæстæ сывæллонæн. авдæнбæттæн скæнынц, æмæ уæдæй фæстæмæ сывæллоны авдæны фæбæттынц. Авдæнбæттæн бон æрхонынц устыты æмæ сæ хорз фенынц. Авдæны цæвæрынц æфсæйнаг, уæд, дам, сывæллонæн æнæзæгъинагæй (хæйрæгæй) тас нæу, зæгъгæ.

Майрæмбон куы æрцæуы, уæд, Майрæмы кувæндонмæ куывды арвитынц лæппуты, цæмæй Майрæммæ ног бакувой, æмæ та сын дыккаг хатт дæр лæппу райгуыра. Лæппу райгуырыны бар, дам, Мадымайрæммæ лæвæрд вæййы.

Лæппуйы райгуырдыл къуыри, науæд та дыууæ къуырийы жуы рацæуы, уæд ын куывд скæнынц. Гал чи аргæвды, ахæмтæ дæр вæййы. Ном æвæрыны æгъдау дæр уæдмæ саразынц. Арвитынц хъæубæстæм, абон нæ ног лæппуйæн куывд кæнæм, ном ыл æвæрæм, æмæ нæм æрцæут, зæгъгæ. Æндæр хъæумæ чи арвиты хонæг, ахæмтæ дæр вæййы, хæстæг хъæутæм. Адæм сын æрхæс-сынц хуынтæ, стæй лæппуйæн хæдойнаг цæвдарæй, науæд та зынаргъдæр хъуымацæй дæр. 40—50 хæдойнаджы кæмæ æрцæуы, ахæмтæ дæр вæййы. Фæсивæд хъазт саразынц. Куывдмæ рахæс-сынц, цы хуынтæ сæм æрцæуы, уыдон дæр. Нæма скувынц, афтæмæй фæсивæд æрбамбырд вæййыиц, æмæ алчи дæр, цавæр ном сæвæрын æй фæнды, уый фæзæгъы. Нæмттæ гæххæттыл иыффыссынц æмæ сæ, кæуыл феууæндынц, ахæм адæймагæн барвитынц мадмæ æмæ иннæ чындзытæм, ном уыдон куыд равзарой, афтæ. Мад æмæ чындзытæ равзарынц ном, æцæг ын дзурæн куыд уа мадæн дæр æмæ чындзытæн дæр, уый тыххæй æмæ мад дæр æмæ чындзытæ дæр нæ фæдзурынц мыггаджы хистæрты нæмттæ. Дзурæн сын цы номæн нæ уа, лæппуйыл ахæм ном куы æрцæуа æвæрд, уæд ыл мад дыккаг ном сæвæры.

Куы равзарынц ном, уæд æй бамбарын кæнынц æрвыст лæгæн. Уый бацæуы хистæрты размæ æмæ, иууылдæр æй куыд фехъусой, афтæмæй фæзæгъы: «Амондджын ном æй хуыцау фæкæнæд, æвзæрст æрцыдис ахæм ном». Кæй ном равзарынц, уый йæхицæй ныббузныг вæййы. Адæм ын йæ къухтæ фæисынц, арфæтæ йын фæкæнынц, амондджын æфсымæр дын æй хуыцау фæкæнæд, зæгъгæ.

Ном куы февæрынц æмæ дзы афтæмæй уазæг куы сæмбæлы, уæд уымæн вæййы раздæр бар ном сæвæрынæн. Ном чи сæвæрдта, уымæн лæппуйы мад саразы фæлыст, ома, уый дæр мын æнæныййаргæ хъæбул у, зæгъгæ. Фæлыст та вæййы афтæ: цухъа, басылыхъ, сæрак зæнгæйттæ, сæрак дзабыртæ, хъусхосы бос, сæрд куьг уа, уæд нымæтхуд, уыдонимæ нозт, чъиритæ, æмæ сæ барвиты хуын.

Ном чи сæвæры, уый æмæ ном кæуыл сæвæры, уый, цалынмæ фæцæрынц, уæдмæ баззайынц хæлæрттæй. Уыдоны æдде ма дыууæ мыггаджы дæр кæрæдзийы уый тыххæй фæуарзынц.

Цот кæмæн нæ цардис, арæх кæмæн мардысты, уый цотыл-иу æвæрдтой, адæм æхсарджын æмæ тыхджыныл кæй нымадтой, ахæм нæмттæ, уæд, дам, сæм удхæссæг нæ уæнддзæн, æмæ нал мæлдзысты. Уыцы зонд-иу адæмæн амыдтой къулыбадæг усты-тæ (дæснытæ) 'мæ сæм-иу хъуыстой, уæлдайдæр фыццаг заманы. Ноггуырдыл-иу ахæм ном куы сæвæрдтой, уæд-иу сæ зæрдæ фидар уьтдис, нæ ноггуырдыл ныр ницуал æрцæудзæн, зæгъгæ. Ахæм ном кæуыл æрцыдис æвæрд, уыцы ноггуырд-иу куынæ амардис, уæд-иу адæмæн сæ фылдæр æнхъæл уыдысты, цыма уыщы номы руаджы нæ мæлы уыцы сывæллон. Ахæм удфидар-гæнæн нæмттыл нымад уыдысты: Уæйыг, Саукуыдз, Цæргæс, Фидар, Æхсар, Цæра æмæ æндæртæ.

Ном æвæрд куы æрцæуы, уæд хистæртæм бахæссынц чъиритæ, физонæг, нозт æмæ худаистæй скувынц ноггуырды цæрæнбоны тыххæй, стыр лæг куыд суа æмæ йыл ном чи сæвæрдта, уыимæ дæр хорз, фидар æрдхорд æфсымæртæй куыд фæцæрой.

Хуынд адæмы хорз фенынц, фæсивæд та кафгæ фæкæнынц.

Æвгъæддон ус хæдзармæ дыууæ-æртæ мæймæ нæ фæцæуы, Фыццаг заманы та-иу афæдзы æрдæгмæ дæр нæ бацыдис. Уымæн æмæ йæ сыгъдæг нæ хуыдтой, йæ хæринаджы кондыл ын не 'рвæссыдысты. Æвæрд рæстæг ыл куы рацæуы, уæд хæдзары бинонтæ сцæттæ кæнынц нозт æмæ чъиритæ, æрбахонынц сыхæгтæй искæйты, нæ æвгъæддоны хæдзармæ кæнæм, зæгъгæ. Æвгъæддон усы æрбакæнынц æд сывæллон хæдзармæ. Кувинæгтæй хуыцаумæ скувынц, цæмæй, æвгъæддон ус хæдзармæ цы ног гуырдимæ æрбацыд, уыйамондджын лæг уа.

Æвгъæддон ус уæдæй фæстæмæ хæдзармæ цæуын райдайы, нал æй фæхонынц æвгъæддон.

К æ х ц г æ н æ н. Кæхцгæнæны боимæ ма дыууæ къуырийы вæййы, уæд, фыццаг лæппу кæмæн райгуыры, уыцы усæн сцæттæ кæнынц хуын æмæ йæ йæ фыды хæдзармæ арвитынц кæхц-гурæг. Ацæуы йæ фыды хæдзармæ æд лæппу. Йæ фыды хæдзары дæр æй фæзонынц, сæ чызг сæм кæхцгурæг кæй цæудзæн, уый. Куы бацæуы йæ фыды хæдзармæ, уæд, цы хуын бахæссы, уымæ æрæмбырд кæнынц сыхæгты æмæ сын бамбарын кæнынц, мæнæ нæм нæ чызг кæхцгурæг æрбацыдис, зæгъгæ. Скувынц хуын æмæ хорз фенынц сыхæгты. Йемæ чи бацæуы, уымæн арфæтæ фæкæнынц. Чызджы фыд æмæ бинонтæ дыууæ къуыримæ сцæттæ кæнынц, цы фæхъæуы, уыдон. Хъæздыгдæр чи у æмæ фылдæр кад чи фæкæны йæ чызгæн, уыдон сæ хæрæфыртæн (лæппуйæн) балхæнынц бæх кæнæ байраг æмæ фыр. Ноджыдæр ма иу-дыууæ уæрыччы æмæ алыхуызон хæринæгтæ. Кæннод та бæхы бæсты гал. Мæгуыр чи вæййы, уый бæх кæнæ гал куынæ самал кæна, уæддæр ын æнæуи хуын саразы — фыр кусæрттагимæ. Чызг йæхæдæг фæзилы йæ хæстæджытыл æмæ йæ зонгæтыл, кæхцгурæг дæн, зæгъгæ, æмæ йын лæвæрттæ фæкæнынц — чи уæрыкк, чи цы, чи цы.

Уыдæттæ иууылдæр куы æрæмбырд кæны, уæд, кæд æмæ дард хъæуккаг уа, уæд уыцы хуынимæ араст вæййы йæ лæджы хæдзармæ. Лæппуйæн авдæн балхæнынц æмæ йæ уæрдоны фæсте бабæттынц. Бæх уа, гал уа, уый дæр уæрдоныл бабæттынц, фыр æмæ уæрыччыты та фæсте фескъæрынц. Гъемæ, дардæй чи фæкæсы, уыдон дæр фæзонынц, кæхцгурæджы уæрдон кæй у, уый.

Фыды хæдзар дæр сцæттæ кæнынц алцы дæр. Къуыри ма куы вæййы кæхцгæнæнмæ, уæд сæм фæкæнынц «сой» ноггуырды тыххæй. Хъуамæ сæм æхсæв иу цыппар-фондз фæлтæры дæр бацæуой. Бинонтæ хуысгæ куы кæной, уæддæр сæ сыстын кæ-нынц. Кæд нæ фестынц, уæд сæ кæрты хъæрæй фæзарынц. Сæ зарды æфхæрæн ныхæстæ фæкæнынц, чъынды сты æмæ уымæн не стынц, зæгъгæ. Æмæ ма сын уæд цы гæнæн вæййы, æнæбары сыстынц æмæ сыл æнæбары цинтæ бакæнынц.

Фæсивæдæн сцæттæ кæнынц, цы сæ бон вæййы, уый. Хъуамæ сын хъазт дæр саразой, æмæ уæд æхсæв-бонмæ фæкафынц. Хос кæрдынмæ уыцы хуыссæгхъæлдзæгæй чи ацæуы, ахæмтæ дæр вæййы.

Кæхцгæнæны рæстæджы «сой» алы ноггуырд лæппуйы тых-хæй дæр фæкæныиц, фæлæ кæхцгурæг фæцæуынц, фыццаг лæппу кæмæн райгуыры, æрмæст уыдон. Кæхцгур чи уыд, уыцы у.стытæ хæстæгдæр хъæутæй æмæ хи хъæуы мидæг сæ лæджы хæдзæрттæм фæцæуынц кæхцгæнæны хуыцаубоны райсомæй раджы, æмæ сæм иууылдæр фæкæсынц, кæддæра чи цы лæваримæ цæуы йæ фыды хæдзарæй йæ лæджы хæдзармæ. Бæх кæй уæрдоны фæстæ баст уа, науæд гал, уыдон кадджындæр вæййынц. Куы бахæццæ вæййынц хæдзармæ, уæд уым бауынаффæ кæнынц, цы аргæвдой, уый тыххæй. Арвитынц хъæубæстæм хонæг, æрæмбырд вæййынц хъæуы лæгтæ куывдмæ, саразынц хъазт, æрхонынц чызджытæ æмæ лæппуты. Хистæртæм бахæссынц кувинæгтæ, адæмæн бамбарын кæнынц, ног лæппуйæн йæ мадырвадæлтæ цы ралæвар кодтой, уый æмæ уæд скувынц хуыцаумæ æмæ дзуæрттæм (тынгдæр Мадымайрæммæ, лæппу райгуырын уый арæзтæй уыдис, зæгъгæ). Адæм куывды хорз фæминас кæнынц, хъазтмæ дæр барвитынц нуазæнтæ. Хъуамæ хъæуы ахæм кæхцытæ иукъорд уа, æмæ йæ боны кæмæн нæ бантысы адæмы æрхонын, уыдон та сæм дыккаг бон æрхонынц хъæубæсты.

Чызг кæхцгæнæны размæ йæ цæгатмæ куы бацæуы æмæ йын бæх кæнæ гал исты куынæ ралæвар кæнынц, уæд фæзæгъы, хъуамæ мын ралæвар кæнат исты, уæдæ мæ ирæд дзæгъæлы бахордтат? Цы хæдзармæ ацыдтæн, уым куы ницыуал ныууагътат, куы смæгуыр сты, мæн тыххæй цы ирæд бафыстой, уый тыххæй. Адæмæй чи фены, кæхцгур усæн йæ уæрдоны фæстæ нæдæр гал баст ис, нæдæр бæх, уыдон ыл фæхудынц, æгады цыдæй рацы-дис йæ цæгатæй, зæгъгæ.

Лæппуйы мад къæмдзæстыг, æфсæрмыгонд вæййы адæмы æхсæн. Искæимæ куы фæбыцæу вæййы, уæд ын фæфидис кæнынц, дæу дæ цæгат истæуыл куы нымаиккой, уæд дын кæхцгурæджы лæвар ракодтаиккой, зæгъгæ.

Мадырвадæлтæ лæвар цы лæппуйæн нæ ракодтой, уый куы сдынджыр вæййы, уæд фæзæгъы йæ мадырвадæлтæн, хæрæфырты бæх мын ралæвар кæнут, зæгъгæ. Æмæ йын куынæ фæдæттынц, уæд йæхинымæр бахъуыды кæны, сæ хуыздæр бæх Ксæргыъ бæх) кæцы у, уый, æмæ йæ аскъæфы. Йæ фæдыл фæфзедис кæнынц æмæ йæ кæд баййафой, уæд ын æй хъуамæ байсой, науæд бæх уымæн баззайы. Цы хъæуы фæцæры, уыцы хъæуыл айхъуысы, уыцы лæппуйæн йæ кæхц куы уыдис, уæд ын йæ мадырвадæлтæ ницы лæвар ракодтой æмæ сын ныр сæ бæх аскъæфта, зæгъгæ, æмæ йын адæм арфæтæ фæкæнынц, сæрæв ми бакодта, зæгъгæ.

Ахæм хъуыддæгтæ дæр æрцыд, æмæ хæстæгдæр мадырвадæлтæм бæх кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ лæппу, уæнгхæстæгдæр сæм чи у, уыдоны бæх аскъæфта. Хæрæфырты лæвар чи нæ ракæна, уыдонæй исчи сæ хойы хæдзары куы вæййы, уæд æм бинонтæ дзæбæх цæстæй нæ фæкæсынц, сымах нын нæ лæппуйæн лæвар нæ ракодтат, зæгъгæ. Сæ хо исты куы сдзура, ме 'фсымæрмæ мын дзæбæх цæстæй цæуылнæ акастыстут, зæгъгæ, уæд ын фæзæгъынц, куыд дзурыс, куыд, уыдоны тыххæй та, кæхцгурæг куы уыдтæ, уæд дын бæх, йе гал куынæ радтой.

Ирон адæмы æхсæн сауджынтæ куы фæзындысты, уæдæй. фæстæмæ райдыдтой сывæллоныл доны аргъуыд кæнын. Сывæллоны хицау, хуыздæр кæимæ цæры, уымæн фæзæгъы, мæ сывæллонæн мын æмдзуарджын ныллæуу, зæгъгæ. Уый сразы вæййы, æмæ сывæллоны бахæссынц сауджынмæ. Æмдзуарджын æй йæ хъæбысмæ райсы, тасы сæрмæ йæ бадары, доны йæ стулынц, афтæмæй йыл сауджын доны аргъуыд скæны, дзуар ыл бакæнынц, сауджын ыл аргъуыды ном сæвæры, цы йæ фæфæнды, уый. Хуыздæр кæимæ фæцæры, хъæздыгдæр чи у, уыдоны сывæллæттыл сæвæры дзæбæхдæр нæмттæ: Алыксандртæ, Никъалатæ, Баристæ æмæ æндæр ахæмтæ; мæгуыр лæджы сывæллæттыл та Сидортæ, Никифыртæ æмæ æндæр ахæм нæмттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, иронау ыл цы ном сæвæрдтой, адæм æм уымæй фæдзурынц.

Ком куы ныббæттынц, уæд чызджытæ Тутырты рæсхæг ноггуырдæн скæнынц чингуытæ, сæ хуылфы сын бахуыйынц цъиуы фаджыс æмæ æндæр истытæ. Чиныг вæййы сæракæй, æртæтигъон, ома, уæд ын уыцы чиныг æххуыс уыдзæн, цæмæй йæ «хæйрæг ма фæсайа», стæй æндæр бæллæхæй дæр хъахъæд цæуа.

Ноггуырдыл афæдз куы сæххæст вæййы, уæд ын бæрæгбон скæнынц. Сывæллон йæ къахыл нæма фæуайы, фæлæ бадгæ фæкæны. Уæвгæ, чи ауайы, ахæмтæ дæр вæййы. Афæдз сæххæсты номыл чъиритæ скæнынц, бæстыхайы астæу байтауынц бинаг нымæт, йе æндæр исты æмæ ууыл цæвæрынц алыхуызон дзауматæ æмæ хъазæнтæ: хæрынкъа, гæххæтт, бæрц, гилдз, дзулы гуыл, кърандас æмæ æндæр ахæмтæ. Сывæллоны бахæссынц æмæ йæ уыдоны æхсæн æрæвæрынц. Сывæллон цы дзаумамæ бавнала раздæр, уымæй фæзæгъынц, ацы сывæллонæн йæ дæсныйад цы уыдзæн стырæй, уый рабæрæг ис, зæгъгæ. Фæлæ сывæллонæн стонджы куы уа, уæд, ай-гъай, раздæр бавналдзæн гуылмæ. Науæд та, йæ разы цы хъазæнтæ æвæрд ис, уыдонæй тынгдæр кæуыл цин кæна, уымæ.

Сывæллон искæцы дзаума куы сисы, уæд скувынц, цæмæй йæ афæдзы бон цы дзаума равзæрста, уый йын амондджын æвзæрст фæуа. Фæуырны сæ, ома, йæ мады гуыбынмæ йын нывгонд уыдис, æмæ йæ уымæн равзæрста.

Цæуæггаг. Лæппуйыл æртæ Куадзæны куы ацæуы, уæд ын Куадзæны цыппæрæмы саразынц «цæуæггаг», ома, уæдæй фæстæмæ лæппуйæн ис цæуыны бар куывдмæ дæр æмæ хистмæ дæр. Уыцы цæуæггаг алкæм нæ кодтой. Цæуæггаг скæнынц афтæ: лæппуйæн йæ къахæй йæ къухмæ цы хъæуы, уый ног балхæнынц æмæ йын скæнынц сæрак дзабыртæ, сæ хъустыл хæрдгæбыд æвæрд куыд уа, афтæ, ноджы сæрак зæнгæйттæ, мидæггаг хæлаф æмæ хæдон, куырæт, цухъа, рон минтъалæй арæзт, минтъал гыццыл хъама, хъусбос, сахаты бос, стæй ирон дамбацайы хуымпъыр, уæлдзарм худ, уæлейы йыл хæрдгæйæ лыстæг куыстæй нывæвæрдтытæ (уæлтаутæ). Хæдзары бинонтæ акæнынц кусарт, сцæттæ кæнынц нозт, хæринæгтæ, æрхонынц сыхбæсты. Лæппуйы фæсивæдимæ арвитынц Мадымайрæмы кувæндонмæ куывды. Уыцы ранмæ цæуæггаджы лæппутимæ æрæмбырд вæййы бирæ адæм. Цæуæггаджы лæппутæн саразынц хъæдын фæттæ æмæ сыл бакæнынц алыхуызон хæцъилтæ, гæнæк æмæ амал цас уа, уыйасæй глази хæцъилтæ. Йæхимæ кæмæн нæ уа, уый искæмæй дæр ракуры. Мадымайрæмы кувæндоны цур скувынц, цæуæггаджы лæппутæн сæ худтæ сисынц, сæ сæртæ сын зыгъар даст ныккæнынц фыццаг хатт. Куывд куы фæвæййынц, уæд сын сæхицæн ацаходын кæнынц. Адæм фæминас кæнынц, фæзарынц æмæ заргæ æрцæуынц хъæумæ. Цæуæггæгты бæрæгбон чи кæны хъæуы, уыдон хъуамæ иу ранмæ дæр æрæмбырд уой æмæ иумæ куывд скæной, æмæ бон-изæрмæ хъæлдзæгæй арвитой.

Лæппуйыл ном чи сæвæры, уый йæ йæхицæн фæхоны кæнгæ æфсымæр æмæ йын саразы хуын. Балхæны йын дыууæ-æртæ хæдойнаджы, цъындатæ, дзабираг æмæ æндæр лыстæг истытæ, мадæн — къабайаг æмæ цъындатæ. Йæ хуын лæппутæ æмæ чыз-джытимæ барвиты, ном кæй лæппуйыл сæвæрдта, уыцы хæдзар-мæ. Уыдон дæр æй фæзонынц, хуын сæм кæй æрбацæудзæн уый, æмæ сæхи бацæттæ кæнынц. Фысымтæ хуындзаутыл бацин кæнынц, аргæвдынц кусæрттаг дæр æмæ арвитынц хонæг. Уазджытæн уал саразынц хъазт. Адæм куы æрæмбырд вæййынц, уæд сын бамбарын кæнынц, ном чи сæвæрдта, хуын уый æрбарвыста, зæгъгæ, Адæм скувынц лæппуйы æмæ номæвæрæджы цæрæнбоны тыххæй, хуындзаутæн раарфæ кæнынц. Хуындзаутыл дæр фысымтæ бацин кæнынц алцы дзæбæхдзинадæй. Хуыидзау-тæ сæхимæ куы раст кæнынц, уæд сын фысымтæ лæвар ракæнынц кæнæ æхцайæ, кæнæ та сын истытæ балхæнынц. Лæп-пуйæн йæ цæуæггаджы бонмæ йе 'мдзуарджын фелхæны исты дзауматæ æмæ сæ хуынимæ барвиты.

X ъ а н. Кæсæджы æлдæрттæн-иу сæ сывæллæтты хастой, сæхицæй дæлдæр кæй хуыдтой, ахæм адæм, ома, сæ кæвдæсардтæнæ, фæлæ сæрмæ адæм. Гъемæ ирон адæмæй кæсæгмæ хæстæг чи лæууыд, уыдон уыцы æгъдау райстой, æмæ уæд ирон адæммæ дæр фæзындис ахæм хъуыддаг, æмæ, йæхи уæздандæр чи хуыдта, уыцы мыггæгтæ райдыдтой сæ лæппуты фæрссаг адæммæ дæттын «хъаны хæссынмæ». Фæрссаг лæг-иу схаста уæздан лæджы лæппуйы, ахуыр-иу æй кодта алцæуыл дæр. Куы-иу æй схъомыл кодта, уæд ын-иу уæздан лæг хæссæггаг бафыста. Уыцы фиддоны саргъы бæх уæлдай кадджындæр уыдис, стæй ирон топп æмæ æхсаргард. Хъан чи схастаид, уыцы лæджы-иу уæздæттæ се 'мцег хуыдтой æмæ йæ сæхимæ хæстæгдæр кодтой. Æмæ-иу уæдæй фæстæмæ, хъан чи схаста, уыдоны мыггаг æмæ, хъан кæмæй схастой, уыдон цардысты æфсымæрты хуызæн.

Хъан-иу чи схаста, уый-иу йæхицæй ныббуц ис, мæнæ мах уыцы уæздан мыггагæй хъан схастам, зæгъгæ, ома æууæнк ныл ис уæздан адæмы æхсæн. Æмæ сæм-иу сæхи хуызæн адæмæй иуæй-иутæ хæлæг кодтой. Фæлæ уыцы «хъан хæссыны» хъуыддаг ирон адæммæ кæсæджы хуызæн арæх нæ уыдис.

Сывæллоныл цалынмæ дыууадæс азы бæрц рацыдаид, уалынмæ-иу уыдис мады бар, фыд æм æвналгæ дæр нæ кодта. Уæлдайдæр та искæй цур. Ахæм бæлвырд хабæрттæ дзурынц

зæрæдтæ, æмæ-иу сывæллон былæй куы фæцæйхаудта, науæд та уæладзыджы кæнæ сисы сæрæй, уæд æм-иу йæ фыд нæ бавнæлдтаид. Кæд æм-иу сарæхстаид, уæд ын-иу йæ къахæй йæ хæдоны фæдджийыл ныллæууыдаид, æндæр къухæй бавналын худинаг уыд. Сывæллон-иу йæ уд исынмæ æрцыдис æмæ-иу, чи йæ хъуыста, уыдоы йæ кæуыны хъæрмæ фæфæдис сты æмæ-иу æй фервæзын кодтой.

Фыд-иу дарæс æмæ хæринагæй цы æххуыс кодта, уыййеддæмæ æнæуи рæвдаугæ нæ кодта сывæллоны.

Дыууадæс азы сæххæстæй фæстæмæ лæппу вæййы йæ фыды бар. Фыд цыдæриддæр зæгъа, уый фæкæны фырт. Афтæ фидар æвæрд æрцæуы фырт йæ фыды къухы æмæ фыды цур мадæн нæ фæуисæн кæндзæнис. Хонгæ дæр йæхи фæкæны фыды фырт. Чызг та фылдæр вæййы мады къухы, уымæ гæсгæ, мады коммæ кæсгæ дæр хуыздæр фæкæны. Кæд лæппу æвзæр фæвæййы, уæд ын йæ мад афтæ фидис фæкæны, ды дæ фыды фырт дæ, зæгъгæ, кæд чызг вæййы æвзæр, уæд та йын фыд фæфидис кæны, ды дæ мады чызг дæ, зæгъгæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru