Главная > Ирон æгъдæуттæ > ÆРДХОРД-ÆМГÆРТТÆ

ÆРДХОРД-ÆМГÆРТТÆ


15 июля 2008. Разместил: 00mN1ck
Дыууæ æмгары кæрæдзийы куы бауарзынц, йе та æрмæст сæ иуы куы фæфæнды, уæд скæнынц æрдхорд-æфсымæртæ. Уыцы æгъдау бакæнынц се 'ннæ æмгæртты цур, цæмæй сæ адæм зоной. Уыдон ард бахæрынц, уыцы бонæй фæстæмæ кæрæдзийы кæй уарздзысты æмæ кæрæдзиуыл хинæй кæй никуы рацæудзысты (афтæ сæ кæрæдзийы бинонтыл дæр æмæ æфсымæртыл дæр).

Ардхæрд вæййы афтæ. Кæд уа, уæд сызгъæрин фондз сомы цæвæрынц арахъы агуывзæйы дзаджы. Уым сæ цуры цы адæм фæбады, уыдон дæр сæ иууылдæр фæуынынц, афтæмæй сæ иу йæ къухмæ райсы уыцы агуывзæ æмæ фæзæгъы: «Хуыцау, уæдæ нæ кæрæдзийы хъахъæнгæйæ бирæ азты æмæ бонты, цалын-мæ æгас уæм, уалынмæ фæцæрын кæн. Кæрæдзиуыл хинæй, гадзрахатæй куыд никуы рацæуæм, уый адæмы фарн дæр æмæ хуыцауы фарн дæр зæгъæд, чи хъусы, уыдон та нын фæуæнт æвдисæн». Æмæ, нуазæныл фæхæцы, афтæмæй дзы баназын кæны æрдхорд кæимæ фæкæны, уымæн йе 'рдæг. Уый фæстæ иннæ дæр уыцы нуазæн райсы йæ къухмæ æмæ та уый дæр фæзæгъы, кæрæдзийы кæрæй-кæронмæ бирæ куыд фæуарзой, уый тыххæй ныхæстæ æмæ уый дæр йæхи къухæй хæцгæйæ фыццагæн баназын кæны, агуывзæйы ма цы арахъ вæййы, уый. Сæ цуры цы адæм вæййы, уыдон сын бирæ фæарфæтæ кæнынц, цæмæй, цалынмæ цæрой, уалынмæ кæрæдзийы уарзгæйæ фæцæрой æмæ кæрæй-кæронмæ хорз ахæссой се 'рдхорддзинад.

Ард чи фæхæры, уыдонæн сызгъæрин фондз сомы куы нæ вæййы, уæд агуывзæйы цæвæрынц æвзист сомырдæг. Кæд æппындæр ницы уа, уæд афтид арахъæй дæр ис ард бахæрæн.

Ард чи бахæры, уыдонæн, фыццаджыдæр, нæ вæййы дзаума уæрст. Кæмæн сæ цы дзаума уа, уый фæдарынц сæ дыууæ дæр, чи йыл куыд хæмбæлы, афтæ. Сæхицæн хæсыл нымайынц кæ-рæдзийы хæдзæрттыл арм дарын, кæрæдзийы хæдзæрттæ хъахъæнын.

Дыууæ æмгары æрдхæрдтæ куы скæнынц, уæдæй фæстæмæ дыууæ хæдзары бинонтæ дæр кæрæдзиуыл тынг феууæндынц æмæ кæрæдзийы тынг фæуарзынц. Лæппутæн кæрæдзийы хотæ æмæ æфсымæртæ вæййынц хи хотæ æмæ æфсымæрты хуызæн. Æрдхорд-æфсымæртæй ахæмтæ вæййы, æмæ дзы иуы, мыййаг, исчи куы амара, уæд иннæ йе 'рдхорд-æфсымæры туг райсын йæхицæн хæсыл фæнымайы.

Суанг ма дыууæ мыггаджы дæр фæуарзынц кæрæдзийы. Ард чи бахæры, уыцы лæппутæй иу иннæйы мыггаджы æхсæн куы вæййы исты хъуыддаджы тыххæй, уæд æй фæхонынц хи æфсымæр.

Æрдхорд-æфсымæртæ кæрæдзийы афтæ тынг фæнымайынц æмæ фæуарзынц, æмæ сæ алкæцы дæр йæ хæрз мадæй райгуыргæ æфсымæрæн нæ зæгъдзæн йæ сусæг ныхæстæ, фæлæ сæ йе 'рдхорд æфсымæрæн зæгъдзæнис.

Дыууæ æрдхорд-æфсымаеры сæ кæрæдзийы, мыййаг, куынæуал фæуарзынц, иумæ хорз куы нæуал фæцæрынц, уæд сыл адæм фæхудынц, уыдон сæ ард куыд æмбæлы, афтæ нæ ахас-той, зæгъгæ. Æмæ уыцы худинагæй тæрсгæйæ, бирæ æрдхорд-æфсымæртæ сæ ардбахæрд нæ фехалынц сæ царды кæронмæ. Суанг ма сын се 'рдхорддзинад сæ цот дæр нæ фехалынц. Ахæмтæн адæм арфæтæ фæкæнынц. Йæ 'рдхорддзинад чи фехалы, уый адæм фæхонынц мæнгард, æмæ йыл ничиуал феууæнды.

Æрдхорддзинад æнæ фехалгæ ахастой, дзырдæн зæгъæм, Хадыхъатæ æмæ Цæлыккатæ. Ард чи бахордта, уыдон амардысты, фæлæ сæ иот уæддæр кæрæдзийы уарзынц.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru