Главная > Искусство, Литература > ФЫДЫБÆСТÆ

ФЫДЫБÆСТÆ


10 октября 2007. Разместил: 00mN1ck
Фыдыбæстæ, æз дæн дæуæн дæ тугисæг.
Дæ рыст æмæ дæ хъыг - мæнæн мæ низ.
Нæ ныббæрстон æз никæмæн дæ цæстысыг.
Мæ ныфс дæ уæд куы фæцæуа фæдис.

Фыдыбæстæ, дæ низыхатт куы бамбарин,-
æнæгъдауæн æз басæттин йæ тых.
Фыдæлты барæнæй мæ хъару абарин,
Дæ мастимæ фæбыцæу кæнин ных.

Кæйдæр бæстæйыл хур цæстуарзгæ атулæд, -
Дæ къæвда бон æввахсдæр у мæнæн.
Кæй зæрдæ ныссалд, уый æндæр цард агурæд.
Дæ хус къæбæр у адджындæр дæуæн.

Мæ уарзон фыд йæ лæджы фæд кæм ныууагъта
Кæм лæг кæны мæ туг хæссæг мæ фырт.
Сæ царды бæлас фыдæлтæ кæм ныссагътой,-
Дæуыл мæ зарæг, хъарæг æмæ дзырд.


Мераб Зассеты
Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru