Главная > Общество > АРФÆТÆ

АРФÆТÆ


20 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
Фарн уæм бадзурæд, нæ хæлар æмбæлттæ! Уастырджийы бонтæ та нæм æрхæццæ сты, æмæ уын нæ сыгъзæрин, тæхгæ-нæргæ, уæлахизхæссæг, уæларвон зæд йæ бирæ хорззæхтæй уæ зæрдæ барухс кæнæд! Нæ иумæйаг фæндтæ æмæ ахсджиаг мадзæлттæ нын уæлахизмæ æркæнæд! Фыдæй фыртмæ Уастырджийы бонты хуыздæр арфæ кæмæн ракодтой, уый æмбал сымах дæр Хуыцау фæкæнæд! Нæ рагфыдæлтæ нын ныууагътой бирæ хæзнатæ, уыдонœй ахсджиагдæр у нæ ирон дин, йæ æнусон æгъдæуттимæ. Ирон царды иу ахæм къабаз дæр нæй, ирон дины бындурыл чи не æнцайы, уыдонимæ нæ фарны æгъдæуттæ, ирон уæздандзинад, ирон аивад, æмæ æмбал кæмæн нæй уыцы хъомылады институттæ. Цæвиттон ирон адæм ирон цæмæй сты, нæ национ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ цæрын хъом цæй руаджы сты, уый у нæ фыдæлты дин - ирон дин – ирон царды сæйраг цæджындз, æмæ уыцы фарны æгъдæуттæ чи хъахъæны, царды сæ рæсугъдæй чи уадзы, - уе ппæтæн дæр уæ цардамонд бирæ уæд!

Нæ зæрдæ уын зæгъы: уæ куывдтæ амондджын куыд уой, уæ фæндæгтæ – рæсугъд, уæ хъуыддæгтæ – уæлахиз! Нæ фæсивæдæн та Уастырджи сæ сæры æрвонг хъуыдытæ куыд уадза, сæ зæрды – фидар ныфс, се уæнгты – æхсар, хæсты арт, хæсты фыдбылызæй хыст куыд уой, Уæздандзинад æмæ домбай зондахастæй та Иры кад æмæ намыс куыд басгуыхой, ахæм арфæтæ уын ракæнæд зæринбазыр УАСТЫРДЖИ!

Хуыцауы арфæ уæ уæд, æмæ бæрсткуывд ут!

Ирон дины æхсæнадон арæзтад «Ацæты» номæй йæ сæргълæууæг МАГКÆТЫ ДАУРБЕГ.

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru