Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 6. МАГГОТЫ МÆСЫГ

6. МАГГОТЫ МÆСЫГ


16 ноября 2007. Разместил: 00mN1ck
Магготы мæсыгæн
Йæ сæр — цæнгæт,
Йæ къултæ — фидар,
Æндонæй арæзт.
Йæ хицау уымæн —
Магготы Беро.
Йæ хуылфы бады.
Уый авд хæстоны,
Хæстæввонг бадынц
Тыхджын фæсивæд.
Мæсыг дæр фидар
Хъæбæр-цæнгæтæй.
Уæд Беро дзуры
Хæстон тырынтæм:
«Уæ, саг фæсивæд,
Уæ, цырд фæлæуут!
Уый, Лечъы 'фсæдтæ
Фыд сыг, фыд мигъау,
Нымбæрстой хæхтæ.
Мачабели сæ
Куы скæны махмæ.
Хуыздæр-иу хъавут!
Мæсыг куы сисой,
Уæд мах æгасæй
Бындзагъд кæндзысты!»
Гæрæхтæ кодтой
Уæд Лечъы 'фсæдтæ.
Нæмгуытæ 'схъиудтой
Æндон мæсыгæй.
Сæ тох — æвирхъау,
Æвзонг тырынтæ
Тых кодтой ноджы
Æлдары 'фсадыл.
Ыстæй æрбацыд
Дасетæй иу лæг,
Куы дзуры 'хсарæй
Мæсыджы 'фсадæн:
«Мæнæн мæ сиахс
Лекъимæ куы ис,
Æхсины лæг уын
Бæлвырд ныллæудзæн.
Мæныл æууæндут!»
Баууæндыдысты
Дасейы фыртыл.
Нæ бахъахъæдтой
Мæсыг Магготæ;
Уæд Лечъы 'фсæдтæ
Æхсæв ысбырстой,
Мæсыгыл пиллон —
Уый арт куы 'суагътой.
Æвзонг тырынтæ
Уым цагъды фесты.
Иу ма дзы ралыгъд —
Магготы Куыти.
Уый ма йæ разæй
Æртæ хæстоны
Дзыхъмард фæкодта.
Куыти дæр афтæ
Уæд уым фæцæфи...
Цæфæй ма ралыгъд,
Ызгъоргæ донмæ,
Уым дон куы нуæзта;
Йæ цæфыл уайтагъд
Йæ къух æрхаста:
«Джауыр æлдæрттæ,
Уæ цъаммар митæ...
Мæ сæр куы фæцæф».
Ыстæй фæцыдис
Æрдхорд æмгармæ,
Уый йæ нывæрдта
Быркуыйы мидæг.
Куы бадзæбæхтæ —
Нымыгъд æрцыдис,
Æлдары къухæй
Уый мард æрцыдис.
Магготы 'фсæдтæ
Уый карз фыд хæсты
Æлдары къухæй
Бындзагъд куы фесты.


Радзырдта йæ Мæргъиты Иликъо, 15 июль, 1938 аз, Дзауы ком, Тли.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru