Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 24. КУЫЦЫКК

24. КУЫЦЫКК


9 декабря 2007. Разместил: 00mN1ck
Ой, Куыцыкк,
Фæдис, дам, фæхъæр и,
Фæдис, дам, фæхъæр и, ей,
Уæрæйдæ, уæрирæ,
Рирассæ, уæрæйдæ, ей.
Ой, Куыцыкк,
Æрбацæуынц, дам, дæм
Дæлæ та джауыртæ, ей.
Нæ рæгъæуттæ нын
Куы фæтæрынц, ей.
Уæй, Куыцыкк,
Дæ тохы бон æрцыд.
Куыцыккæн
йæ рæсугъд Госæма, ей,
Ей, æмæ
йæ сæр хъæццулæй
Бæргæ ма бануæрды, ей.
Хъарм уат дын — худинаг,
Рирассæ, хорз Куыцыкк, ей.
Гъей, загъта,
Фæдис куы раздæхынц,
Фæстæмæ афтидæй, ей.
Уæд Куыцыкк фехъал и,
Сæ кæртмæ рауади, ей.
Ей, æмæ
Уайтагъд йæ цъæх бæхыл
Кæсгон саргъ бавæрдта, ей.
Йæ цыбыр хъыримаг
Йæ уæхскмæ баппæрста, ей.
Ей, загъта,
Сурын сæ райдыдта,
Фæстигъ сæ баййæфта, ей.
Хæцынтæ райдыдта,
Йæ рæгъау раздæхта, ей.
Ей, уæдæ,
Куыцыкк дзы рамары
Дыууадæс лæггаджы, ей.
йæхæдæг йæ цæф.тæ
Баслыхъхъæй æрбæтты, ей.
Гъей-мардзæ,
йæ бæхы идон дын
Йæ саргъæн йæ гопмæ, ей,
йæ саргъæн йæ гопмæ
Уæд уайтагъд баппæрста, ей.
Ой, æмæ,
Йæхи йын рауагъта
Æмæ йын куы загъта, ей,
«Мæ уарзон саулохаг,
Фæдисон дæхæдæг, ей».
Ей, мæ бон.
Йæ лекъаг сау нымæт
Обаумæ куы схаста, ей.
Йæхи дзы 'рбатыхта
Ыстæй уым амарди.
Ей, загъта,
Саулохаг атахти,
Кулдуармæ бацыди,
Уырдыгæй бауасыд, ей.
Ей, загъта,
Госæма мидфынæй,
Йæ уатыл фесхъиудта, ей.
Сау хабар бамбæрста,
Тагъд-тагъд ма фестади, ей.
Ей, загъта,
Мæ барæг фесæфти,
Мæ хæдзар байхæлди, ей.
Куыцыччы мадмæ ма
Ризгæйæ бадзуры, ей,
Ей, мæ бон,
«Æнæдарæгæй, зæгъ,
Хурмæ куы баззадтæн», ей.
Мадимæ Госæма
Дуармæ разгъордтой, ей.
Ей, уæйтæ,
Сæ бæхы куы федтой
Тугахуырст хъулæттæй, ей,
Сæ уæлæ царм, буар дæр
Куынæуал 'ныууагътой, ей.
Ей, загъта,
Йæ рæсугъд Госæма
Куы ныхъхъарæг кæны, ей:
«Уæй, ныр, зæгъ, цы кæнон,
Уæ, мæ хур, хорз Куыцыкк, ей.
Ей, æмæ,
Æрцæуын æнхъæлæй
Дуар гомæй баззади, ей.
Æрхуыссын æнхъæлæй
Æнæмбæрст баззадтæн, ей.
Ей, мæ бон,
Мæ дарæг, сахъ Куыцыкк,
Ме 'рттиваг ыстъалы, ей.
Дæ сау хъæды фæндаг
Сау сындзæй бахгæдта, ей.
Ей, мæ хур,
Дæ рæсугъд уазæгдон
Цæстгæйттæй куы 'рхаудта, ей».
Нана куы бадзуры:
«Куыд ма дын цæрдзынæн, ей.
Ей, æмæ,
Зæрыхъойы рагъыл —
Дæ бæхты хизæнтæ,
Зæрыхъойы дæттæ —
Дæ бæхты найæнтæ,
Ой, Куыцыкк,
Дæ рæсугъд ус, уæдæ,
Дæ кæсгон уайаг бæх, ей,
Дзæгъæлы зайдзысты.
Ой, ныр ма цы кæнон, ей.
Ой, Куыцыкк,
Дæ фæстæ ма, зæгъы,
Цы хуртæ уындзынæн, ей.
Фæлтау мæхæдæг дæр
Дæ фæстæ мæлдзынæн, ей.
Ей, загъта,
Фæдис куы стынг и,
Саулохаг ныууасы, ей.
Сæ разæй арасти,
Зианмæ бафардæг, ей.
Ей, æмæ,
Уырдыгæй Куыцыккæн
Йæ мард куы раластой, ей.
Йæ ус Госæма, зæгъ,
Уæрджытæ ныххойы, ей.
Ой, Куыцыкк,
Ды, зæгъ, кæмæи уыдтæ,
Ды кæмæн ныр нал дæ, ей.
Уæрæйдæ, рирассæ,
Хъæбатыр хорз Куыцыкк, ей.


Радзырдта йæ Мырзаганты Батырбег, сентябрь, 1936 аз, Хæрисджын. Ныффыста йæ Плиты X.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 24, папкæ 71. ф. 38—41.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru