Главная > Хицæн кадджытæ > Йеунæги тауæрæхъ
Йеунæги тауæрæхъ8 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck |
Йеу гъæуи цардæй мæгур зæронд лæг. И лæг рамардæй 'ма йин байзадæй лæхъуæн æма кизгæ. Кизгæ уайтагъд лæгмæ рандæй. Лæхъуæн дæр рацæппо-лæппо æй; хуæрзигурд разиндтæй æма 'й Хуцау фонс кæнунбæл фæккодта. Игурд фескъуæлхтæй 'ма æхе хъиамæтæй гъæу исæнтудта, æхуæдæг ба Ханти кизги ракурдта. Йеу æхсæвæ мæгур Йеунæг иуазæгдони куд хустæй, уотæ йимæ бадзурдæй: — Сæумæ дин сехуар афони дæ уосæ хастæуй, лæги сæр дæ багъудæй, Йеунæг! Лæхъуæн фестадæй, тургъæмæ рацудæй, рагъæуæйттæ кодта 'ма некæми неци фæййидта; бацудæй фæстæмæ æма, æхе хуссæни куд æруагъта, уотæ ба йимæ нæуæгæй бадзурдæй: — Сехуар афони дæ фиди марæг ами уодзæнæй, Йеунæг! Æртиггаг хатт йимæ бадзурдæй: — Сехуар афони дæ фиди лимæн дæр ами уодзæнæй! Исхъурдохæн æй мæгур Йеунæг; ци 'рдæмæ цудайдæ, кæмæн ци кодтайдæ, уой нæбал зудта æма æ мадæмæ бацудæй æма æ хабæрттæ уомæн радзурдта. Æ мадæ ба йин загъта: — Дæ фиди марæги дæр, дæ фиди лимæни дæр, Хуцауи ку фæндæуа, уæд йесгæми йердзæнæ. Уодесæг æма уосесæгæй ба игъаугидæр нæййес, дууæ гъуддаги дæр æмбес æнцæ 'ма дæ сæри гъуддагмæ цо! Йеунæг æ бæхбæл саргъ багæлста 'ма талингитæй Хантæмæ нихъхъæрттæй; къæразгæ бахуаста кизгæмæ, æма йимæ йе дæр ракастæй. — Кизгай, дæ ард цæмæн сайис, — зæгъгæ, йимæ дзоруй Йеунæг. Кизгæ ба йин загъта: — Æз мæ ард ку сайдтайнæ, уæд дæмæ лæг нæ рарвистайнæ! — Мадта æрхезæ, æз ба дæ хæссон! — Уотемæн нæ рахездзæнæн, фал дæлæ авд надей астæумæ ниццо; мæн ка хæссуй, йе дæ фиди марæг дæр æй 'ма мæ уомæй байсæ! Йеунæг ниццудæй авд надей астæумæ 'ма уоми æ бæх бафæсахсæн кодта. Сехуар афони йибæл хан, дууадæс бæхгиней хæтдзæ киндзæ худта, уотемæй æрбацудæй. Мæгур Йеунæг сæ хæтдзæ æхе рацæуæг кодта; ханæн æ бæрзæй æрсæрфта, æма и бæхæй ратулдæй, æхуæдæг ба ралигъдæй. Хани æмбæлттæ дæр сæ киндзæ фæснад йеу дорбæл фæууагътонцæ æма Йеунæги фæсте сæхе рауагътонцæ. Дзæбæх ку рарæнгъæнцæ, уæд æ бæх фездахта фæстæмæ, сæ рахез фæрсти æрбагъазта 'ма син сæ сæртæ къуæрдтитæгæнгæ рацудæй, æртиндæсей дæр бафснайдта, сæ бæхтæбæл син сæ тонаутæ бабаста, æ разæй сæ рамбурд кодта; хани кизги дæр æ фæсабæрцæмæ æрбайста æма уотемæй æ хæдзарæмæ исцудæй. Йеунæгæн йе 'сцудмæ æ фиди лимæн гъастæй рандæй. Еунæг уой ку базудта, уæд æй сорунтæ райдæдта; баййафта æй; хатуй йимæ, коруй æй, раздæхæ, зæгъгæ, 'ма йимæ нæбал игъуста æ фиди лимæн. Уæдта йин загъта æ фиди лимæнæн: — Кæд дæ фæндуй, уæд мæ фиди мулк дууæ æмбеси бакæнæн, кенæ ба, йеу бони фонсæй ке иссердтон, уони райсæ! На-нæ-уа æй ку нæбал уагъта Йеунæг, уæд æ фиди лимæн раздахтæй 'ма райста, йеу бони фонсикондæй ке иссердта Йеунæг, уони. Йеунæг уотемæй йеци-йеу бон æ фиди тог райста, æ фиди лимæни устур хæзнайау багъæуай кодта, æнæзæрдæхудтæй æй рарвиста æмæ уосæ дæр æрхудта. Ци рацудæй, Хуцау æхуæдæг зонуй, уæдта Йеунæг фунтæ фæййидта: авд берæгъи сæгъæ раскъафтонцæ 'ма сæ цума йе ба расурдта, авдей дæр рамардта; æвдæймаги куд æстъигъта, уотæ ба æ фарсæй фæтътъифстæй; уæдта цума æртæ богъай сæ кегъоги æмбухта, уотæ; æртæ æхсинæги ба кæрæдзей тудтонцæ. Йеунæг æ фунтæ æ мадæн радзурдта 'ма йин йе ба загъта: — А гъæуи кизгæ раскъавдæ уодзæнæй, ду ба фæдесæй рараздæр уодзæнæ; авд рамардзæнæ; æвдæймаг куд фест кæнай, уотæ ба биде расхъеудзæнæй, дæ фарсбæл исæмбæлдзæнæй, 'ма уомæй дæ адзал уодзæнæй. Æртæ богъай ба æнцæ де 'ртæ æнгари. Йетæ ба дæбæл богъ-богъæй кæудзæнæнцæ. Æртæ æхсинæги ба æз, дæ мадæ, дæ уосæ æма дæ йеунæг хуæрæ — маха нæхе тондзинан, æндæра ци кæндзинан? Уотæ рæхги ба авд абæреги гъæумæ фæллæбурдта. Абæрегтæ йеу кизгæ раскъафтонцæ. Гъæуфæдеси разæй Йеунæг фæцæй; авдей дæр рамардта; æхсæзей тонаутæ си рафснайдта; æвдæймагмæ куд бацудæй æма ниллæудтæй, уотæ ба æ фун æ зæрди æрбафтудæй æма ниллæудтæй, нæбал имæ æндиудта. Кизгæ ниххудтæй 'ма дзоруй Йеунæгмæ: — Се’ гасæй син ку нæ фæттарстæ, уæд мардæй ба куд тæрсис? Йеунæг уæд æхебæл æрхудтæй; кизги æфхуæрд æ сæрмæ нæбал æрхаста æма бацудæй мардмæ; æ къандзол ин исрæдувта; уордæгæй биде фесхъиудтæй æма Йеунæги фарсбæл исæмбалдæй. Уотемæй Йеунæги æ фун æрæййафта; æ хæдзарæмæ ма уодæгасæй æрхъæрттæй, уæдта æ дуйнейæй рахецæн æй. Радзырдта йæ Кертибиты Кертиби, Мæхческ. Ныффыста йæ Гарданты Михал. «Памятники народного творчества осетин», вып. II, ф. 87—88. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |