Главная > Ирон æгъдæуттæ > ДАУДЖЫТЫ БОН
ДАУДЖЫТЫ БОН4 мая 2008. Разместил: 00mN1ck |
Дауджыты бон вæййы, Кæрдæгхæссæнæй иу къуыри куы рацæуы, уæд. Уый размæ бахсидынц бæгæнытæ, чи дыууæ меркъайы задæй, чи та æртæйæ, науæд фылдæрæй, ноджы арахъхъ рауадзынц, стæй алчи дæр балхæны уæрыкк. Хуыцаубон куы æрцæуы, уæд райсомæй аргæвдынц уæрыччытæ, скæнынц уæлибæхтæ, кусартæн та уал йæ раззаг хуылфыдзауматæй скæнынц физонджытæ æмæ скувынц дауджыты дзуармæ. Куы скувынц, уæд та ноджыдæр æндæр æртæдзыхон уæлибæхтæ скæнынц, æмæ, семæ фарс физонæг, афтæмæй, хæдзары бинонтæй цæуын амал кæмæн вæййы, уыдон иууылдæр ссæуынц Дауджиты кувæндæттæм Дзири-дзуары рагъмæ. Уым алы хъæуæн дæр ис хицæн найфат (кувæндон бæстыхай), æмæ уырдæм æрæмбырд вæййынц. Рацæуы сæм найфаты чи фæбады, уыцы кувæг лæг. Цы адæм æрæмбырд уа куывды, уыдон иууылдæр сыстынц. Алчи дæр йæ нозтæн йæ сæр байгом кæны, рауадзы дзы нуазæнмæ, физонæг æрæвæры æртæ чъирийы уæлæ. Хистæрмæ найфаты нозтæй раттынц, æмæ райдайы кувьш Дауджыты дзуармæ, и'ннæ адæм та оммен фæкæнынц. Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд иууылдæр æрбадыиц, уырдыгстджытæй фæстæмæ. Æрæвæрынц сын фынгтæ — æртæ лæгæн иу фынг, нозт та сын сæхимæ раттыиц æвгтæ æмæ цайданты æнæ уырдыглæууæгæй. Адæм фæмийас кæнынц хъæлдзæгæй, фæзарынц. Куы æрбадынц, уæд дыууæ, йе æртæ адæймаджы чъиритæ, физонæг æмæ нозтимæ арвитынц иннæ хъæуты найфаттæм, арфæйы тыххæй. Алы хъæуы куывддзаутæ дæр ахæм арфæйы æрвыст акæнынц, цалдæриддæр хъæуы дзы уа, се 'ппæтмæ дæр æмæ афтæмæй кæрæдзийæи фæарфæтæ кæнынц. Æмбис хæрд æмæ нозт куы фæвæййынц, уæд лæппу фæсивæд сыстынц æмæ хъазт саразынц чызджытимæ, уымæн æмæ сылгоймагæй чи ссæуы куывды, уыдон нæлгоймæгтимæ нæ фæбадынц. Хъазт куы стынг вæййы, уæд ма иннæтæ дæр сыстынц, æмæ иууылдæр фæкафынц. Хорз куы фæкафынц, уæд заргæ рараст вæййынц фæстæмæ хъæутæм, кæрæдзийы къухтыл хæцгæ. Дауджыты бæрæгбон зæрдиагæй кодтой Хидыхъусы æмæ Цы-мытийы цæрæг адæм. Дзуары лæгтæгиу уыдонæй уыдысты Дзоккаты Хæмæтхъан, Басаты Тепсырыхъо æмæ æндæртæ) æмæ-иу дыгай къуыритæ фæбадтысты уыцы найфæтты. Адæмæй-иу бирæ цыдис, чи кæцы бон, чи кæцы бон. Дзуары лæгтæ-иу худаистæй бадтысты æмæ-иу куывтой дзуармæ. Куывды-иу чи цыдис, уыдоны дæр-иу хорз федтой бæгæныйæ дæр æмæ алцы минасæй дæр. Бацин-иу кодтой, æнæуи цæугæйæ сыл чи сæмбæл-даид, уыдоныл дæр. Куывддзаутæ хъæутæм куы æрцæуынц, уæд хъæзтытæ скæнынц, кæд амал вæййы, уæд æнæхъæн хъæуæй иу ран, кæннæуæд та сыхгæйттæй æмæ фæкафынц, куывды чи нæ уыдис, уы дон дæр сæм æрæмбырд вæййынц, афтæмæй, Хъæуы цы хистæр адæм вæййы, уыдонæй алчи дæр йæхицæн хæс фæхоны йæ сыхбæсты æрæмбырд кæнын æмæ сæ хорз фенын, йæ бæрæгбонæн цы кусарт акодта æмæ цы нозт сцæттæ кодт'а, уыдонæй. Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |