Главная > Хицæн кадджытæ > Хæмицати Хæмиц (Вариант)

Хæмицати Хæмиц (Вариант)


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
(Вариант)

     Тасолтантæ уездон муггаг адтæнцæ, æма сæмæ кизгæ ку сæнтæсидæ, уæд æй æнæуой мæнæ мах хузæн «сау адæмæн» нæ лæвардтонцæ. Йеу кæми адтæй, уоми ба сæмæ Хæмицати Хæмиц минæвæрттæ барвиста, уæ кизги мин раттетæ, зæгъгæ.
     Тасолтантæ ба ин æ минæвæрттæн дзуапп равардтонцæ:
     – Дæ сæрæн дзæгъæли хъиамæт ма аразæ, сау халон уæртдзæ нæ ахæссуй.
     Хæмиц дæр сæрæн лæхъуæн куд нæ адтæй, æма сæмæ, зæгъуй, бавзиста, сау халон уæрццæ куд ахæссуй, уой ба уин æз фæййинун кæндзæнæн, зæгъгæ, æма син сæ йеунæг хуæрæ Фатъимæт-рæсугъди раскъафта. Йе Тасолтантæмæ лиагъæ куд нæ фæккастайдæ, Хæмицатæ ку неци 'нцæ, мах ба уездон муггаг ку ан, æма нæмæ куд бандиудта, зæгъгæ. Æртæ 'нсувæремæй сæ хъæрæймæгтæ райстонцæ æма Хæмицай-фурти марунмæ агорун райдæдтонцæ, фал ибæл равги хуæст не 'нгъистæнцæ.
     Йеу кæми адтæй, уоми ба гъæуи фæстемæ æрбацудæнцæ æма сæ хуæрæмæ барвистонцæ, дæ фæййинун нæ фæндуй æма нæ размæ рацо, зæгъгæ.
     Фатъимæт ка 'дтæй, йе, зæгъуй, дарити буни зингæ дæр нæ кодта, уотемæй гъæуи фæстемæ сæ размæ рацудæй æма ниццинæй йе 'нсувæртæбæл. Йетæ дæр æй куд нæ рафæрститæ кодтайуонцæ, дæ цард куд æй, нæ йеунæг хуæрæ, зæгъгæ. Йе ба син загъта:
     – Æз мæ цардæй гъæстаг нецæмæй дæн, йерун даруйнаг дæр, хуæруйнаг дæр мæ фагæ, фалæ уæ кæд уæ йеунæг хуæри фæййинун фæндуй, уæд мæ ами гъæугæрон ма уинетæ. Æз ке номбæл дæн ами, уомæн дæр йес, сумах кумæ исиуазæг кæна, уæхæн къæс, æма нæмæ уордæмæ рахастæг уотæ, кæд ма мæ уæхецæн æнсувæр-хуæрæбæл нимайетæ, уæд. Берæ 'й, нур афонæ 'й йеци тоггини цæстингас рагæлдзунæн, дууæ хæстæги уотемæй нæ цардæуй.
     Йетæ ба йин загътонцæ:
     – Махмæ уæхæн 'нæуарзон цæстингасæй нецибал йес, иссудан æррæстæ дæу бабæрæг кæнунмæ, нур ба уæмæ медæгмæ дæр цæмæннæ бацæудзинан, æрмæст уой ку базонæн, æма дæ сæри хецауæн нæ фæййиндæ гъулæг нæ уодзæнæй, уæд. Уой ба уæд базондзинан, æма нæмæ Хæмиц æхуæдæг ку рацæуа æма нин иуазæги æгъдауæй медæмæ ку зæгъа, уæд.
     Фатъимæт йе 'нсувæртæбæл баууæндтæй æма цинæгæнгæ фæййаууонæй сæхемæ. Уоми ба Хæмицæн рахабар кодта:
     – Атæ 'ма атæ, ме 'нсувæртæ иссудæнцæ, дæ хæтдзæ сæ бафедаун фæндуй, расæмæкæсæ, уæртæ гъæуи фæсте 'нцæ æма сæ нæ хæдзарæмæ æрбахонæ.
     Хæмиц ба йин загъта:
     – Иуазæг Хуцауи иуазæг æй, кæд абони уæнгæ мæ хæтдзæ æзнагæй фæццардæнцæ, нур ба сæмæ уæхæн растæрдæмæ сагъæс æрцудæй, уæд йе мæнæн дæр гъулæг нæй. – Уотемæй Хæмиц æ ходæ æ сæрбæл æрбакъуæрдта æма уæгъдæ ронæй гъæуи фæстемæ йе уазгути размæ рарастæй.
     Тасолтантæ дæр æртæ 'нсувæремæй, нур Хæмиц рацæуй, зæгъгæ, уой бæлвурд ку базудтонцæ, уæд дорти аууон сæхе нирримахстонцæ, æма сæ астæумæ ку 'рбахъæрттæй, уæдта ибæл дорти аууæнттæй сæ топпитæй никкалдтонцæ æма 'й уотемæй йеци рауæн рамардтонцæ.
     Хæмици уосæ топпи гъæртæ ку райгъуста, уæд уайтагъд æ зæрдæ фæттарстæй – æнгъæлдæн мæ мæнгардæй басайдтонцæ, зæгъгæ, æма фæффæдес кодта.
     Уой фæдесмæ ба гъæу ракалдæнцæ, æма и маргутæ ка 'дтæй, уони сорунтæ райдæдтонцæ, æма Тасолтанти æртæ 'нсувæри йеу рауæн урдуги куд ниууадæнцæ, уотæ ба сæ фæдес ниййафтонцæ æма се 'ртей дæр йеци рауæн рамардтонцæ.
     Гъе уæдта, зæгъуй, Хæмицæн æ уосæ ка 'дтæй, Фатъиймæт йе дзурд ракурдта фæдесонтæй æма загъта:
     – Хуарз адтæй, лæгъуз адтæй, уæддæр мæ Хуцау, æвæдзи, уомæн исаггаг кодта, æма йин æ мард ке не сигадæ кодтайтæ, æ тог йин ке райстайтæ, уой туххæн уин æз арфæгъон нæ дæн æма уин Хуцау райарфæ кæнæд. Æ мард æгадæй кæми нæ байзадæй, уоми мин нур уоййасæ зæрди нез нæбал исодзæнæй.

Радзырдта йæ Тубеты Дзæрдæг, 12 июль, 1933 аз, Лескен. Ныффыста йæ Цъеуты Израил.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 20, папкæ 70, ф. 32–34.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru