Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъогъалыхъты зарæг

Хъогъалыхъты зарæг


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Хъогъалыхъты Тæбыц йæ мады фæллой
Уæлæуыл куы хадта (фыста).
Кæсæджы ыстыр мыггæгтæм хонæг рарвыста,
Дзамбечыры саухъус хонæг куы хæты.
Æрæмбырд ысты Кæсæджы стыр мыггæгтæ.
Стыр æмбырды боны дзы нæ уыди
Хъазитæй лæг.
Хъогъалыхъты Тæбыц рацыди стыр æмбырды астæумæ
Æмæ ракуырдта:
– Курын Кæсæджы стыр мыггæгтæй,
Æмæ ацы бон ме 'мбырды
Хъазитæй лæг куыд сæмбæла, афтæ.
Æмæ та Дзамбечыры саухъус хонæг ацыд
Хъазитыхъæумæ.
Æмæ Хъазиты хъæуысæры
Хъазиты Дзæрæхмæты фырт
Дзедзырахан гутон кодта сæд къæбæлон сæд хъулон,
Æмæ йæ Дзамбечыры саухъус бафарста:
– Ам Хъазиты Дзæрæхмæты фырт Дзедзырхан кæм цæры?
Æмæ йын йæхи хæдзар бацамыдта.
Уый уырдæм баивгъуыдта,
Йæхæдæг дæр йæ фæстæ бацыд æмæ йæ фæрсы:
– Цы дæ фæнды, хорз уазæг?
Æмæ загъта:
– Хъогъалыхъты Тæбыц йæ мады фæллой уæлæуыл фидынмæ хъавы
Æмæ æмбырд кæны,
Æмæ дæм Кæсæджы стыр мыггæгтæ
Сæ астæумæ аккаг скодтой.
Æмæ йын загъта:
– Ацу, æз дæр дæ фæстæ фæцæуын æмæ сын-иу зæгъ:
Æз уын уæ тæккæ астæуæй Хатæхцыхъоты чызджы хæсдзынæн, æмæ, Йæхи стырдæр мыггагæй чи хоны, уый-иу мæ размæ рацæуæд.
Ссыди æмæ æмбырды раарфæ кодта.
Стæй чызгмæ бацыд æмæ йæ сæ тæккæ астæуты рахаста æмæ йæм ничи бауæндыди.

Радзырдта йæ Дзусаты Пленка, 2–3 январь, 1922 аз. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд фольклор, оп.1, дело 33, папкæ 21, ф.87–88.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru